16 Петр та хоста ӕмӕ хоста кулдуар, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг куы байгом кодтой, уӕд ӕй федтой ӕмӕ стыр дисы бафтыдысты.
Петр кулдуар куы бахоста, уӕд кулдуары цурмӕ рацыди лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Родӕ.
Уыдон ын загътой: «Дӕ зонд фӕцыди!» Фӕлӕ Родӕ ныллӕууыд, цы загъта, уый ӕцӕг у, зӕгъгӕ. Уыдон та дзырдтой: «Уый Петрӕн йӕ зӕд у».
Петр сын йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Бардарӕг ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Йаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыди уырдыгӕй ӕмӕ араст ис ӕндӕр ранмӕ.