8 Фӕлӕ ӕз загътон: „Уый нӕ уыдзӕн, Бардарӕг! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ахӕмӕй мӕ дзыхы никуы ницы уыди“.
Уыдон Дунедарӕджы зӕххыл нал цӕрдзысты. Ефрем раздӕхдзӕни Мысырмӕ, ӕмӕ Ассирийы чъизи хойраг хӕрдзысты.
Кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнут уаз ӕмӕ хуымӕтӕг, ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг,
цӕмӕй адӕм кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕной ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг, стӕй, хӕрын цы цӕрӕгойты фыд ӕмбӕлы, хӕрын кӕй не ’мбӕлы, уыдонӕй.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын кӕйдӕрты федтой ӕнӕсыгъдӕг, ома ӕнӕхсад, къухтӕй хӕргӕ.
Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр“.
Хъӕлӕс мын уӕларвӕй дыккаг хатт дзуапп радта: „Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ӕлгъагыл ма нымай“.
Бардарӕг Йесоимӕ кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕз зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын, зӕххыл чъизи хойраг кӕй нӕй, ууыл; исчи чъизийыл цы нымайы, уый ӕрмӕст уымӕн у чъизи.
Уымӕн ӕмӕ ӕнӕуырнӕг лӕгӕн йӕ зӕрдӕ йӕ уырнӕг усы фӕрцы ссыгъдӕг вӕййы, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ус дӕр йӕ уырнӕг мойы фӕрцы сыгъдӕг кӕны. Науӕд уӕ цот сыгъдӕг нӕ уаиккой, ныр та сыгъдӕг сты.