25 Уый фӕстӕ Варнавӕ ацыди Тарсмӕ — Савлы агурӕг. Ссардта йӕ ӕмӕ йемӕ акодта Антиохимӕ.
[Фӕлӕ Силӕйы бафӕндыд уым баззайын.]
Павел дзуапп радта: «Ӕз иудейаг дӕн, киликиаг зындгонд сахар Тарсы гражданин. Курын дӕ, ратт мын адӕмимӕ ныхас кӕныны бар».
Зӕгъӕм, апостолтӕ фӕсномыгӕй Варнавӕ (ома Ныфсдӕттӕг) кӕй хуыдтой, уыцы кипраг левит Йосефмӕ уыди зӕххы хай.
Бардарӕг ын загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу, Ӕмраст йӕ ном кӕмӕн у, уыцы уынгмӕ, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс иу лӕджы, йӕ ном — Савл. Уый у Тарсы сахарӕй; ныр кувгӕ кӕны.
Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл Бардарӕджы куыд федта, Бардарӕг йемӕ куыд дзырдта ӕмӕ Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.
Ӕфсымӕртӕ уый куы базыдтой, уӕд ӕй акодтой Кесаримӕ ӕмӕ йӕ уырдыгӕй арвыстой Тарсмӕ.