Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 11:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Сыгъдӕг Уд мын загъта, цӕмӕй ӕз ӕнӕгуырысхойӕ ацӕуон семӕ. Мемӕ араст сты ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Корнелийы хӕдзармӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 11:12
17 Iomraidhean Croise  

Ахӕм хъуыды йӕм куы сӕвзӕрди, уӕд ӕм фыны Хуыцауы зӕд раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Давиды байзӕддаг Йосиф! Ма тӕрс дӕ усаг Мариайы хӕдзармӕ ӕрхонынӕй, уымӕн ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы бын кӕй хӕссы, Уый йын Сыгъдӕг Удӕй у.


Ӕцӕгады Уд куы ’рцӕуа, уӕд уын ӕцӕгад раргом кӕндзӕн ӕххӕстӕй. Уымӕн ӕмӕ Йӕхи номӕй нӕ дзурдзӕн, фӕлӕ, цы фехъуса, уый дзурдзӕни ӕмӕ уын, фидӕны цы уыдзӕн, уый фехъусын кӕндзӕн.


Уыцы бонты Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз


Уӕд сӕ Петр бахуыдта ӕмӕ сӕ суазӕг кодта, дыккаг бон та семӕ араст ис; йемӕ ма рацыд яффойаг ӕфсымӕртӕй цалдӕр.


Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта.


Корнелий нын радзырдта, йӕ хӕдзары зӕды куыд федта, уый тыххӕй. Зӕд ын загъта: „Арвит Яффомӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны.


Иу хатт уыдон Дунедарӕгӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕ ӕмӕ Савлы».


Варнавӕ ӕмӕ Савл, Сыгъдӕг Удӕй ӕрвыстытӕ, ӕрцыдысты Селевкийы сахармӕ, уырдыгӕй та науыл араст сты Кипрмӕ.


Дзӕвгар ыл куы фӕбыцӕу кодтой, уӕд Петр сыстад ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, сымах зонут, фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Хуыцау сымахӕй мӕн сӕвзӕрста, цӕмӕй муртаттӕгтӕ мӕ дзыхӕй фехъусой Фарны Уац ӕмӕ баууӕндой.


Хуыцау махмӕ дӕр ӕмӕ уыдонмӕ дӕр иу цӕстӕй кӕсы, уымӕн ӕмӕ сын уырнындзинадӕй ссыгъдӕг кодта сӕ зӕрдӕтӕ.


Ромаг ӕфсымӕртӕ фехъуыстой нӕ хабар ӕмӕ нӕ размӕ рацыдысты Аппийы Фӕз ӕмӕ Ӕртӕ Фысымуаты цурмӕ. Павел сӕ куы федта, уӕд арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ барухс.


Сыгъдӕг Уд Филиппӕн загъта: «Баййаф уыцы къарет ӕмӕ цу йӕ фарсмӕ».


Ӕппӕт уырнджыты дӕр Хуыцау раст кӕны Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы, хъулон Ын сӕ никӕцы у.


цӕмӕй уӕ зонд фидар уа ӕмӕ уӕ тасы ма бафтауой нӕдӕр мӕнгпехуымпарад, нӕдӕр ныхӕстӕ, нӕдӕр фыстӕг, цыма уыдон махӕй рацыдысты, ныридӕгӕн Бардарӕджы ӕрцыды бон ралӕууыд, зӕгъгӕ.


Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan