11 Ӕмӕ уайсахат ӕртӕ лӕджы, ӕз кӕм уыдтӕн, уыцы хӕдзары дуармӕ ӕрбалӕууыдысты; уыдон Кесарийӕ мӕнмӕ ӕрвыст уыдысты.
Дунедарӕг смӕсты ис Моисеймӕ ӕмӕ йын загъта: «Аарон-левит де ’фсымӕр нӕу? Йӕ дзыхарӕхст ын Ӕз хорз зонын! Ныридӕгӕн дӕ размӕ рацӕуы. Куы дӕ фена, уӕд ныццин кӕндзӕн,
Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ӕдзӕрӕг быдырмӕ Моисейы размӕ ацу». Уый фӕраст ис, фембӕлд ыл Хуыцауы хохы рӕбын ӕмӕ йын аба кодта.
Филиппы бӕстӕм, Кесаримӕ, куы ӕрцыди Йесо, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Кӕуыл нымайынц адӕм Мӕн, Адӕймаджы Фырты, Чи, дам, дӕн?»
Афтӕ уыд ӕртӕ хатты, стӕй сӕ иууылдӕр систӕуыд уӕларвмӕ.
Филипп та февзӕрди Азоты ӕмӕ, йӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, ӕппӕт сахарты хъусын кодта Фарны Уац, цалынмӕ Кесаримӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.