Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 10:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Цы ӕрцыди, уый сын радзырдта ӕмӕ сӕ арвыста Яффомӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 10:8
11 Iomraidhean Croise  

Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Петр йӕхинымӕр куыд хъуыды кодта, уӕдӕ уыцы цӕстылуайӕн цы нысан кӕны, зӕгъгӕ, афтӕ Корнелийы ӕрвыст лӕгтӕ ӕрлӕууыдысты кулдуары цур. Адӕмӕй базыдтой, Симоны хӕдзар кӕм ис, уый,


Уайтӕккӕ дӕм арвыстон, ӕмӕ, кӕй ӕрбацыдтӕ, уымӕй хорз бакодтай. Ныр мах иууылдӕр лӕууӕм Хуыцауы раз, цӕмӕй байхъусӕм, Бардарӕг дын цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕм».


Йемӕ чи ныхас кодта, уыцы зӕд куы ацыд, уӕд Корнелий фӕдзырдта йӕ фӕсдзӕуинтӕй дыууӕмӕ, стӕй йӕ цумагӕнӕн ӕфсӕддонтӕй иумӕ, Хуыцауыл ӕнувыд лӕгмӕ.


Уымӕ гӕсгӕ, паддзах Агриппӕ, уӕларвӕй мын цы раргом, уый коммӕ нӕ бакӕсын мӕ бон нӕ баци.


Яффойы уыдис иу уырнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Тавифӕ (ома Сычъи). Бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ арӕзта, мӕгуыртӕн ӕххуыс кодта.


Лиддӕ Яффомӕ хӕстӕг уыд, ӕмӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ куы фехъуыстой, Петр уым ис, зӕгъгӕ, уӕд ӕм арвыстой дыууӕ адӕймаджы, цӕмӕй йын зӕгъой: «Рацу нӕм ӕвӕстиатӕй».


Уыцы хабар айхъуыст ӕгас Яффойыл, ӕмӕ бирӕтӕ баууӕндыдысты Бардарӕгыл.


Ӕмӕ ма Петр бирӕ рӕстӕг фӕци Яффойы, цӕрмгуыстгӕнӕг Симоны хӕдзары.


мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ Фарны Уац муртаттӕгтӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan