Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 10:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Йемӕ чи ныхас кодта, уыцы зӕд куы ацыд, уӕд Корнелий фӕдзырдта йӕ фӕсдзӕуинтӕй дыууӕмӕ, стӕй йӕ цумагӕнӕн ӕфсӕддонтӕй иумӕ, Хуыцауыл ӕнувыд лӕгмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 10:7
13 Iomraidhean Croise  

Авраамы цагъар уый куы фехъуыста, уӕд Дунедарӕджы раз ныддӕлгом ис зӕххыл.


Уыдон куы ацыдысты, уӕд Хуыцауы зӕд Йосифмӕ фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Сыст уӕлӕмӕ, Сывӕллоны Йӕ мадимӕ демӕ акӕн ӕмӕ лидзгӕ кӕн Мысырмӕ. Цалынмӕ дын зӕгъон, уӕдмӕ-иу уым лӕуу, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис Сывӕллоны ссарын ӕмӕ Йӕ амарын».


Йерусалимы цардис иу рӕстгӕнӕг, йӕ ном — Симеон. Уый уыди Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, Хуыцау Израилы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Симеон хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй.


Фарстой йӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр: «Махӕн та цы гӕнгӕ у?» Иоанн сын загъта: «Макӕй стигъут ӕмӕ тыхӕй макӕмӕй мацы исут — разы ут уӕ мыздӕй».


Уый уазӕгуаты ис ӕрмгуыстгӕнӕг Симонмӕ; йӕ хӕдзар денджызы был ис. [Уый дын зӕгъдзӕн, ды ӕмӕ де ’ппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ.]»


Цы ӕрцыди, уый сын радзырдта ӕмӕ сӕ арвыста Яффомӕ.


Уырнӕг хицӕуттӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕм ницыйы цӕстӕй ма кӕсӕнт, се ’фсымӕртӕ кӕй сты, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ сын хъуамӕ кусой ноджы ӕнувыддӕрӕй, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыдон уырнджытӕ ӕмӕ уарзон ӕфсымӕртӕ сты. Ууыл ахуыр кӕнын ӕмӕ уыцы зондыл аразын ӕмбӕлы уырнджыты, гъе!


цагъар дын мауал уа, фӕлӕ цагъарӕй уӕлдӕр — уарзон ӕфсымӕр. Ӕз ӕй бирӕ уарзын, фӕлӕ дӕуӕн та ноджы зынаргъдӕр суыдзӕн — куыд адӕймаг ӕмӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы де ’фсымӕр.


Кӕд тӕрсыс, уӕд уал сӕм де ’ххуырст Пураимӕ ныццу


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan