Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 10:48 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

48 Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй аргъуыд райсой Йесо Чырыстийы номыл. Уый фӕстӕ фысымтӕ ӕрхатыдысты Петрмӕ, цӕмӕй ма сӕм иу цалдӕр боны бафӕстиат уа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 10:48
9 Iomraidhean Croise  

уӕвгӕ, Йесо Йӕхӕдӕг нӕ аргъуыдта, фӕлӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, —


Уымӕ гӕсгӕ Йын самариӕгтӕ, куы ӕрбацыдысты, уӕд лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕм афӕстиат уа. Ӕмӕ уӕд дыууӕ боны уым баззади.


Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд куы райстой, уӕд нӕм ӕрхатыд: «Кӕд мӕ, Бардарӕгыл иузӕрдион чи у, ахӕмыл нымайут, уым рацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ». Ӕмӕ нӕ сразы кодта.


Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд аргъуыд райстой Бардарӕг Йесойы номыл.


Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ уын цӕмӕй хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл аргъуыд райсӕд, ӕмӕ уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзыстут.


Фӕлӕ сын Филипп Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Йесо Чырыстийы номы тыххӕй уац куы фехъусын кодта, уӕд ыл баууӕндыдысты, ӕмӕ саргъуыдӕуыд нӕлгоймӕгтыл дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтыл дӕр.


Уымӕн ӕмӕ дзы иу дӕр Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын — ӕрмӕстдӕр сыл саргъуыдӕуыд Бардарӕг Йесойы номыл.


Уымӕн ӕмӕ сымах — Чырыстиимӕ баиуы охыл кӕуыл саргъуыдӕуыд, уыдон — баиу стут Чырыстиимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan