Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 10:45 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

45 Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 10:45
12 Iomraidhean Croise  

Уӕд сӕ Петр бахуыдта ӕмӕ сӕ суазӕг кодта, дыккаг бон та семӕ араст ис; йемӕ ма рацыд яффойаг ӕфсымӕртӕй цалдӕр.


Ӕмӕ Петр Йерусалиммӕ куы ӕрбацыд, уӕд ын сунӕтгонд уырнджытӕ уайдзӕф кодтой:


«Ды ӕнӕсунӕт адӕммӕ уыдтӕ ӕмӕ семӕ хордтай».


Йесо ист ӕрцыд Хуыцауы рахизфарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ.


Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ уын цӕмӕй хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл аргъуыд райсӕд, ӕмӕ уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзыстут.


Ныфс та нӕ сайы, уымӕн ӕмӕ, лӕвӕрд нын Чи у, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодта Йӕ уарзтӕй.


Мах муртаттӕгтӕй рацӕуӕг тӕригъӕдджынтӕ не стӕм — иудейаг туг нӕм ис.


Раздӕр цы уыдыстут, уый уӕ зӕрдыл дарут. Уӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ муртаттӕгтӕ уыдыстут. Ӕнӕсунӕт адӕм уӕ хуыдтой, ӕрмӕстдӕр буарӕй сунӕтгонд чи уыди, уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan