Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 10:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 фӕлӕ Йӕ Хуыцау ӕртыккаг бон райгас кодта ӕмӕ Йын Йӕхи равдисын кодта адӕммӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 10:40
16 Iomraidhean Croise  

Иудӕ Йын (Искариот нӕ, фӕлӕ иннӕ) загъта: «Хицау, дунейӕн нӕ, фӕлӕ махӕн Дӕхи раргом кӕнынмӕ кӕй хъавыс, уый цы нысан кӕны?»


Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».


Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыстӕ ӕмӕ Йӕ райгас кодта — мӕлӕтӕн Ӕй йӕ бон бауромын нӕ уыд.


Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах не ’ппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ.


фӕлӕ, Хуыцауы Фырт кӕй у, уый ӕвдыст ӕрцыди Йӕ тыхӕй, Сыгъдӕг Уды архайдӕй, мӕрдтӕй райгасӕй; Уый у нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти.


Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр уый тыххӕй амард ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй мӕрдтӕн дӕр ӕмӕ удӕгӕстӕн дӕр сӕ Бардарӕг уа.


Йесойы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый Уд кӕд уӕ зӕрдӕйы цӕры, уӕд, Чырыстийы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый уӕ буар дӕр — мӕлӕтӕн лӕвӕрд — райгас кӕндзӕни, уӕ зӕрдӕйы Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы.


Мах зонӕм: Бардарӕг Йесойы Чи райгас кодта, Уый мах дӕр Йесоимӕ райгас кӕндзӕни ӕмӕ нӕ Йӕ разы ӕрлӕууын кӕндзӕни уӕ фарсмӕ.


Мыггагмӕйы фидыд фидаргонд цы Тугӕй ӕрцыд, уый фӕрцы Йӕ фыстӕн стыр Фыййау Чи сси, нӕ уыцы Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг фӕрнджын Хуыцау


Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan