20 Сыст, ӕрхиз ӕмӕ ацу семӕ. Мисхалы бӕрц дӕр гуырысхо ма кӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз рарвыстон».
Ӕрлӕуут-ма Мӕ разы ӕмӕ байхъусут! Райдианы дӕр Ӕз ӕргом дзырдтон. Уыцы цауты райдианӕй фӕстӕмӕ Ӕз уым дӕн. Ныр мӕ Йӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ ӕрвитынц Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ Йӕ Уд.
Ӕмӕ сын загъта: «Ӕрзилут ӕгас дунейыл ӕмӕ Фарны Уац хъусын кӕнут алкӕмӕн дӕр.
Петр ӕрхызти Корнелийы ӕрвыст лӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Сымах кӕй агурут, уый ӕз дӕн. Цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрбацыдыстут?»
Сыгъдӕг Уд мын загъта, цӕмӕй ӕз ӕнӕгуырысхойӕ ацӕуон семӕ. Мемӕ араст сты ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Корнелийы хӕдзармӕ.
Варнавӕ ӕмӕ Савл, Сыгъдӕг Удӕй ӕрвыстытӕ, ӕрцыдысты Селевкийы сахармӕ, уырдыгӕй та науыл араст сты Кипрмӕ.
Филиппӕн та Хуыцауы зӕд загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу хуссармӕ, Йерусалимӕй Газӕмӕ цы фӕндаг ис, цӕуӕг кӕуыл нӕй, уырдӕм».
Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.
Ананиа араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Чи раргом, уыцы Бардарӕг Йесо мӕ рарвыста, цӕмӕй цӕстӕй ракӕсай ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй».
Ӕрмӕст курӕд, кӕй райсдзӕн, ууыл ӕууӕндгӕйӕ ӕмӕ бынтон ӕнӕдызӕрдыгӕй. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ кӕмӕй фӕхъазы, уыцы денджызон уылӕнау.