14 Фӕлӕ Петр загъта: «Уый нӕ уыдзӕн, Бардарӕг! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ӕз ахӕмӕй никуы ницы бахордтон».
Фӕлӕ Лот загъта: «Нӕ, Бардарӕг!
Фӕлӕ уын дзы ницы рауайдзӕн. Ацӕуӕнт ӕрмӕст уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ бакувӕнт Дунедарӕгмӕ. Уый тыххӕй мӕм нӕ хатыдыстут?» Ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аароны феддӕдуар кодтой.
Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз мӕхи никуыма фӕчъизи кодтон. Нӕдӕр холы, нӕдӕр, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм дзидза никуы бахордтон ме ’взонгӕй нырмӕ. Ницы чъизи фыд схастон мӕ дзыхмӕ».
Мацы хӕдмӕлы фыд-иу бахӕрӕд сауджын, мадӕр, сырд кӕй аргӕвста, маргъ уа ӕви фос, уый фыд.
Даниил фидарӕй сфӕнд кодта нӕфӕтчиаг хӕринаг ӕмӕ нозтӕй йӕхи нӕ фӕхъӕстӕ кӕнын ӕмӕ лӕггадгӕнджыты хистӕрӕн загъта, ахӕм бар мын ратт, зӕгъгӕ.
Сыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргъты хицӕн кӕнут ӕнӕсыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕй. Ӕнӕсыгъдӕгыл нымайын уын кӕй бафӕдзӕхстон, уыдонӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнут: нӕдӕр цӕрӕгойтӕй, нӕдӕр мӕргътӕй, нӕдӕр хилӕгойтӕй.
Дзыхмӕ цы цӕуы, уый нӕ чъизи кӕны адӕймаджы, фӕлӕ, дзыхӕй цы рацӕуы, уый».
Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕф кӕнын райдыдта: «Хуыцау Дӕ бахизӕд уымӕй, Хицау! Уыцы бӕллӕх Дыл ма ӕрцӕуӕд!»
Зондджынтӕ сын дзуапп радтой: „Цӕмӕй нӕ дыууӕтӕ дӕр сойхъуагӕй ма баззайӕм, уый тыххӕй фӕлтау уӕйгӕнджытӕм ауайут ӕмӕ балхӕнут уӕхицӕн“.
Иу хъотырджын Ӕм ӕрбацыд, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, ӕрмӕст Дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ».
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын кӕйдӕрты федтой ӕнӕсыгъдӕг, ома ӕнӕхсад, къухтӕй хӕргӕ.
фӕлӕ йӕ мад не сразы: «Нӕ, Иоанн ӕй схонӕм».
Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, цъай арф у, Дӕумӕ та ӕгӕрыстӕмӕй, дон цӕмӕй сисай, уый дӕр куы нӕй, уӕд Дӕм царддӕттӕг дон кӕцӕй ис?
Петрмӕ ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр».
ӕмӕ сын загъта: «Сымах хорз зонут, иудейагӕн кӕй нӕй муртаттагимӕ ӕмбӕлыны кӕнӕ йын йӕ хӕдзармӕ бацӕуыны бар. Фӕлӕ мын Хуыцау раргом кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр ӕлгъаг ӕмӕ чъизийыл куыд нӕ нымайон, афтӕ.
Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Бардарӕг?“ Уый мын загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Назаретаг Йесо“.
Савл бафарста: «Чи дӕ, Бардарӕг?» Дзуапп ын рардӕуыд: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, Ӕз уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ бырсын».