10 Уалынджы тынг сыстонг ис ӕмӕ йӕм хӕрын ӕрцыд. Цалынмӕ хӕринаг цӕттӕ кодтой, уӕдмӕ федта цӕстылуайӕн:
Мӕн та Хуыцауы Удӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны Уд систа, ӕмӕ мӕ ахаста халдейаг зӕхмӕ, хаст адӕммӕ. Ам мӕ цӕстылуайӕн фӕцыдӕр ис.
Хуыцау мӕ Йӕ рард цӕстылуайӕнты акодта Израилы зӕхмӕ ӕмӕ мӕ тынг бӕрзонд хохыл ӕрлӕууын кодта. Хохӕн цыма йӕ хуссайраг фахсыл уыдысты сахары бӕстыхӕйттӕ.
Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, йӕ зонынад Иууылбӕрзондӕй лӕвӕрд кӕмӕн у, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый.
Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый:
Райсомӕй раджы сахармӕ куы здӕхтысты, уӕд Йесо сыстонг.
Уым Йесо дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы ком фӕдардта ӕмӕ фӕстагмӕ сыстонг ис.
«Ӕз куывтон Яффойы сахары ӕмӕ федтон цӕстылуайӕн: ӕрцӕйцыди цыдӕр, стыр кӕттаджы хуызӕн, йӕ цыппар тигъӕй йӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд уӕларвӕй; ӕмӕ ӕрхӕццӕ мӕнмӕ.
Йерусалиммӕ куы ӕрбаздӕхтӕн ӕмӕ Кувӕндоны куы куывтон, уӕд цӕстылуайӕны федтон Бардарӕджы. Уый мын загъта: „Рӕвдздӕр ацу Йерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ, Мӕн тыххӕй ацы ран куы дзурай, уӕд дын дӕ ныхасыл нӕ баууӕнддзысты“.
Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ фӕстейӕ фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс, сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн: «[Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]