Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 1:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уымӕн ӕмӕ Иоанн аргъуыдта донӕй, сымах та цалдӕр боны фӕстӕ аргъуыд ӕрцӕудзыстут Сыгъдӕг Удӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 1:5
16 Iomraidhean Croise  

Уыцы заман хӕхтӕй ракӕлдзӕн сӕн, къуыбыртӕй — ӕхсыр, Иудӕйы ӕрхытӕ иууылдӕр донӕй байдзаг уыдзысты. Дунедарӕджы Кувӕндонӕй суадон ракӕлдзӕн ӕмӕ Ситтимы дӕлвӕз бафсаддзӕнис.


Уӕ фӕсмоны нысанӕн уыл ӕз ӕрмӕстдӕр донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕдыл Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у; ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Ӕмӕ уыл Уый аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.


ӕргомӕй састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.


Ӕз сымахыл аргъуыдтон донӕй, Уый та уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй».


Иоанн се ’ппӕтӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдта: «Ӕз уыл аргъауын донӕй, фӕлӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр, ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.


Иоанн сын дзуапп радта: «Ӕз аргъауын донӕй, фӕлӕ уе ’хсӕн лӕууы иу Чидӕр, сымах Кӕй нӕ зонут, Уый —


Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ донӕй аргъауынмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй Йӕ Израилӕн раргом кӕнон».


Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уд ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ ӕрӕнцайгӕ Кӕуыл фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг“.


Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта.


Павел загъта: «Иоанн аргъуыдта, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыдоныл. Уый дзырдта адӕмӕн, цӕмӕй баууӕндой, йӕ фӕстӕ Чи ӕрцӕуы, Ууыл, ома Йесойыл».


Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕтыл дӕр — иудейӕгтӕ ӕмӕ бердзенӕгтыл, цагъартӕ ӕмӕ сӕрибар адӕмыл — иу Удӕй саргъуыдӕуыд ӕмӕ иу буар систӕм, не ’ппӕтӕн дӕр уыциу Уд рардӕуыди.


уӕд нӕ фервӕзын кодта, хорз хъуыддӕгтӕ нӕм цыма уыди, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ — ӕхсад ӕрцыдыстӕм ног царддӕттӕг донӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы систӕм ног адӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan