Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 1:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Иуахӕмы сӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Йерусалимӕй макӕдӕм ацӕут, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уын Ӕз цӕй тыххӕй дзырдтон, уымӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 1:4
14 Iomraidhean Croise  

Дыууӕ боны, мӕй ӕви фылдӕр, цасфӕнды лӕууӕд мигъ Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ — сӕ бынаты лӕууыдысты израилӕгтӕ ӕмӕ фӕндаджы кой нӕ кодтой, фӕлӕ-иу мигъ йӕхи куы систа, уӕд-иу уайтагъд цӕуынмӕ фесты.


Уымӕн ӕмӕ дзургӕ сымах нӕ кӕндзыстут, фӕлӕ сымах уылты дзурдзӕни уӕ Фыды Уд.


Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни Сыгъдӕг Уд, чи Дзы куры, уыдонӕн!»


Уымӕн ӕмӕ уын Сыгъдӕг Уд уайсахат бацамондзӕн, цы зӕгъын хъӕуы, уый».


Ӕз уын рарвитдзынӕн, Мӕ Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ уал ацы сахары баззайут, цалынмӕ уӕларвон тыхӕй не схайджын уат, уӕдмӕ».


Ӕз Мӕ Фыдӕн балӕгъстӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уын Уый ратдзӕнис, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕни, ахӕм ӕндӕр Рӕвдауӕджы —


Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы — Ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй цӕуы, ӕмӕ уӕм куы ’рцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕни Мӕн тыххӕй.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ сыл бафу кодта ӕмӕ сын загъта: «Схайджын ут Сыгъдӕг Удӕй.


Йесо афтӕ Сыгъдӕг Уды, — чи Йыл ӕууӕнды, уыдон Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, — Уый тыххӕй загъта. Уӕд нырма Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын сты, уымӕн ӕмӕ Йесойы кад нӕма раргом ис.


Ӕрмӕст ӕппӕт адӕммӕ нӕ, фӕлӕ махмӕ — Хуыцау раздӕр кӕй сӕвзӕрста, Йесо мӕрдтӕй куы райгас, уый фӕстӕ Йемӕ чи хордта ӕмӕ нуӕзта, уыцы ӕвдисӕнтӕм.


Йесо ист ӕрцыд Хуыцауы рахизфарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan