25 цӕмӕй, чи йӕ ныууагъта ӕмӕ йе ’цӕг дунемӕ чи ацыд, уыцы Иудӕйы бӕсты суа Дӕ апостол».
Фӕндагыл цӕугӕдонӕй нуаздзӕн, ӕмӕ сбӕрзонд уыдзӕн Йӕ кад.
Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.
Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ».
Ӕниу, Адӕймаджы Фырт фӕцӕуы, Сыгъдӕг Фыст Дзы куыд зӕгъы, афтӕ. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл чи рацӕуа, уымӕн. Уыцы адӕймаг куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид».
Уыцы тӕккӕ уысм сайтан бацыди Иудӕйы мидӕг, ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Цы кӕнинаг дӕ, уый тагъддӕр кӕн».
Ӕз цалынмӕ семӕ уыдтӕн, уӕдмӕ сӕ хъахъхъӕдтон, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ. Ӕз сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ дзы ничи фесӕфти, мӕлӕтӕн гуырды йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.
Йесойы фӕрцы ӕз сдӕн апостол, цӕмӕй Йӕ номы сӕраппонд ӕппӕт адӕмты минӕвӕртты баууӕндын кӕнон Хуыцауыл.
Кӕд иннӕтӕн апостол нӕ дӕн, уӕддӕр сымахӕн апостол дӕн. Ӕз Бардарӕджы апостол кӕй дӕн, уымӕн сымах ӕвдисӕн стут.
Уымӕн ӕмӕ Петры уылты чи архайдта сунӕтгӕндты ӕхсӕн, уый мӕн уылты дӕр архайы муртаттӕгты ӕхсӕн.