2 суанг, Йе ’взӕрст апостолтӕн Сыгъдӕг Уды фӕрцы бардзырдтӕ куы радта ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыди, уыцы боны онг.
Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ Мӕ Лӕггадгӕнӕг — Йемӕ дӕн Ӕз, Ме ’взӕрст, Мӕ ахсджиаг. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕни Мӕ раст тӕрхон.
Ӕрлӕуут-ма Мӕ разы ӕмӕ байхъусут! Райдианы дӕр Ӕз ӕргом дзырдтон. Уыцы цауты райдианӕй фӕстӕмӕ Ӕз уым дӕн. Ныр мӕ Йӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ ӕрвитынц Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ Йӕ Уд.
Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.
Фӕлӕ кӕд Ӕз Хуыцауы Уды хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уый, Хуыцауы Паддзахад уӕм кӕй ӕрхӕццӕ ис, ууыл дзурӕг у.
Аргъуыды фӕстӕ, Йесо донӕй куыд рахызти, афтӕ Йӕ сӕрмӕ арвы дуар фегом ис, ӕмӕ федта: Хуыцауы Уд бӕлоны хуызы ӕрцӕуы ӕмӕ Йӕм ӕрбахӕстӕг кӕны.
Апостолтӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Йесойӕн, цы сарӕзтой ӕмӕ адӕмы цӕуыл сахуыр кодтой, ӕппӕт уыдӕттӕ радзырдтой.
Арфӕгӕнгӕйӕ сӕ адард ис ӕмӕ уӕларвмӕ ссыди.
Уӕлӕрвтӕм Йӕ сисыны афон куы ӕрӕввахс, уӕд Йесо сфӕнд кодта Йерусалиммӕ фӕцӕуын.
Ӕмӕ Йӕ ӕгӕрон ӕххӕстдзинадӕй мах не ’ппӕт дӕр хорзӕх хорзӕхы фӕдыл райстам,
Ӕрӕввахс ис Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Йӕ Фыдмӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта ацы дунейы Йӕхионты ӕмӕ Йӕ уарзт равдыста ӕххӕстӕй.
Уе ’ппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Ӕз, кӕй равзӕрстон, уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ“.
Ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесо, Йӕ Фыд Ын ӕппӕт дӕр Йӕ къухмӕ кӕй радта, Хуыцауӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ ныр Хуыцаумӕ кӕй цӕуы, уый зонгӕйӕ,
Ӕз Мӕ Фыдӕй рацӕугӕ дӕн ӕмӕ ӕрцыдтӕн ацы дунемӕ; ныр ӕй уадзын ӕмӕ цӕуын Мӕ Фыдмӕ».
Ныр та Ӕз цӕуын Дӕумӕ ӕмӕ, цалынмӕ дунейы дӕн, уӕдмӕ йӕ уый тыххӕй зӕгъын, цӕмӕй Мӕ цинӕй хайджын уой ӕмӕ сӕ циндзинад уа ӕххӕст.
Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ ацу Ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ“».
Йесо та сын дыккаг хатт загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут! Мӕ Фыд Мӕн куыд рарвыста, афтӕ Ӕз дӕр сымах ӕрвитын».
Хуыцау Кӕй рарвыста, Уый Хуыцауы ныхӕстӕ дзуры, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Удӕй барстӕй нӕ дӕтты.
Ӕмӕ Адӕймаджы Фырты, раздӕр кӕм уыди, уырдӕм ссӕугӕ куы фенат, уӕд та?
Йесо сын загъта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ равзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у».
ӕмӕ загътой: «Галилейӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, Уыцы Йесо уӕ цӕсты раз уӕларвмӕ куыд ссыд, фӕстӕмӕ дӕр афтӕ ӕрыздӕхдзӕн».
Куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд уӕллаг уатмӕ ссыдысты ӕмӕ уым баззадысты — Петр ӕмӕ Иоанн, Йаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Йаков, Симон Зилот ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иудӕ.
Иоанны аргъуыды заманӕй Йесойы уӕлӕрвтӕм систы онг — иудадзыг немӕ чи уыд, уыцы лӕгтӕй иуы. Уый дӕр махау хъуамӕ ӕвдисӕн уа Йесойы райгасӕн».
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесойы систӕуыд уӕлӕрвтӕм, ӕмӕ йӕ ӕврагъ бамбӕхста.
Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.
Павелӕй, адӕмы уынаффӕйӕ нӕ, адӕймаджы фӕрцы дӕр нӕ, фӕлӕ Йесо Чырысти ӕмӕ Йӕ мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд Хуыцауы фӕндӕй апостол чи сси, уымӕй,
Сымах дӕр лӕуут, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй сарӕзтой, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг кӕмӕн у, уыцы бындурыл.
Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.
Чырысти лӕджы къухӕй конд кувӕндонмӕ нӕ бацыд, ӕцӕг Кувӕндонӕн ӕрмӕстдӕр йӕ халдих чи у, ахӕммӕ, фӕлӕ ацыди комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.
Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахизфарс, Йӕ дӕлбар сты ӕппӕт уӕларвон зӕдтӕ, барадтӕ ӕмӕ тыхтӕ.
Рох уӕ ма уӕнт, сыгъдӕг пехуымпартӕ рагагъоммӕ кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕ, стӕй уын уӕ апостолты дзыхӕй Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй фехъусын кодта, Йӕ уыцы фӕдзӕхст.
Ацы чиныг у Йесо Чырыстийы ӕргомад — уый Йын рардӕуыди Хуыцауӕй, цӕмӕй Йӕ цагъартӕн раргом кӕна, рӕхджы цы уыдзӕнис, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо Йӕ зӕды фӕрцы равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн тас нӕу дыккаг мӕлӕтӕй“.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар“.
Сахары къулӕн ис дыууадӕс бындуры, уыдоныл фыст сты Уӕрыччы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ.
Тӕвд дӕр ӕмӕ уазал дӕр нӕ, фӕлӕ хъӕрмуст кӕй дӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз Мӕ дзыхӕй сӕппардзынӕн.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“».