18 Йӕ фыдракӕндӕн цы ӕхца райста, уымӕй зӕхх балхӕдта, фӕлӕ сӕрбынмӕ ӕрхауди, ӕмӕ йӕ гуыбын атыдта, йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ракалдысты ӕддӕмӕ.
Дунедарӕг мын загъта: «Уыцы ӕвзист дурынгӕнӕгмӕ баппар, — ахӕм стыр аргъ Мын скодтой!» Ӕз райстон дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны дурынгӕнӕгмӕ баппӕрстон.
Тынг дӕ скадджын кӕндзынӕн, цыдӕриддӕр мын зӕгъай, уый бакӕндзынӕн. Рацу ӕмӕ мын уыцы адӕмы ралгъит“».
Ацыдысты Моав ӕмӕ Мидианы хистӕртӕ. Балаамӕн мызд ахастой дӕсныфӕрсӕггаг ӕмӕ йын Балакы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.
Сӕ иуӕн радта фондз таланты, иннӕмӕн — дыууӕ, ӕртыккагӕн — иу, алкӕмӕн дӕр — йӕ арӕхстдзинадмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ ацыди.