14 Се ’ппӕт дӕр, семӕ — сылгоймӕгтӕ, Йесойы мад Мариа ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ — иудадзыг ӕмзӕрдӕйӕ куывтой.
Йесо адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты дуармӕ, уыдоны дӕр фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын.
Уырнындзинад уӕм куы уа, уӕд, уӕ куывды цыдӕриддӕр ракурат, уый райсдзыстут».
Уым уыдысты ӕмӕ дардӕй кастысты, Йесойӕн лӕггад кӕнынмӕ Галилейӕ Йӕ фӕдыл чи рацыди, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр.
Уым уыди сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ кастысты дардӕй: се ’хсӕн — магдалӕйаг Мариа, Иосет ӕмӕ кӕстӕр Йаковы мад Мариа, стӕй Саломи.
Сабат куы аивгъуыдта, уӕд магдалӕйаг Мариа, Йаковы мад Мариа ӕмӕ Саломи балхӕдтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ Йесойы байсӕрдой.
Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни Сыгъдӕг Уд, чи Дзы куры, уыдонӕн!»
Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста:
Йесойы зонгӕтӕ, стӕй, Йӕ фӕдыл Галилейӕ чи рацыди, уыцы сылгоймӕгтӕ та дӕрддзӕф лӕууыдысты ӕмӕ, цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм кастысты.
Йесоимӕ Галилейӕ цы сылгоймӕгтӕ ӕрбацыд, уыдон федтой, Йесойы мард куыд ӕриста Йосеф ӕмӕ йӕ зӕппадзы куыд бавӕрдта, уый.
Уыцы сылгоймӕгтӕ уыдысты магдалӕйаг Мариа, Иоаннӕ ӕмӕ Йаковы мад Мариа. Семӕ ма уыдис ӕндӕр сылгоймӕгтӕ, ӕмӕ уыдон дӕр апостолтӕн хабар афтӕ радзырдтой.
Уыйадыл фестадысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ аздӕхтысты. Иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы иннӕтимӕ иумӕ уым ӕмбырдӕй баййӕфтой.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ иудадзыг уыдысты Кувӕндоны ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн.
Чидӕр Ын загъта: «Дӕ мад ӕмӕ Де ’фсымӕртӕ ӕдде лӕууынц, Дӕу фенын сӕ фӕнды».
Къуыриты бӕрӕгбон ралӕууыд, ӕмӕ иууылдӕр иумӕ ӕрӕмбырд сты.
Уыдон фидар хӕцыдысты апостолты ахуырадыл, иумӕ уыди сӕ дзулсаст ӕмӕ кувгӕ дӕр иумӕ кодтой.
Алы бон дӕр-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Кувӕндоны; сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цинимӕ уыди сӕ хӕрд куы иу хӕдзары, куы иннӕйы.
нӕхӕдӕг та иудадзыг кувдзыстӕм ӕмӕ кусдзыстӕм Хуыцауы Дзырд парахат кӕныныл».
Уӕ ныфс уын цины хос уӕд; зынтӕн фӕразут, ӕвӕллайгӕ кувут.
Уӕдӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уый кувӕд, цы дзуры, уый ӕмбарын кӕныны курдиат райсыны тыххӕй.
Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.
Кувут ӕнувыдӕй, зӕрдиагӕй ӕмӕ Хуыцауӕй бузныгӕй.