Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 1:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд уӕллаг уатмӕ ссыдысты ӕмӕ уым баззадысты — Петр ӕмӕ Иоанн, Йаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Йаков, Симон Зилот ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иудӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 1:13
45 Iomraidhean Croise  

Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном — Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыди.


Уый уын уӕллаг уӕладзыджы равдисдзӕни стыр ӕмӕ ӕфснайд уат, уым-иу фынг ӕрӕвӕрут».


Йемӕ акодта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны. Мӕлӕты тас бацыди Йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын райдыдта.


Куы фӕцӕйцыди, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта Алфейы фырт Левийы ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ ацыди Йӕ фӕдыл.


Ӕмӕ Йемӕ ацӕуын никӕй бауагъта, Петр, Йаков ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ.


Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Сӕ разы Йӕ хуыз аивта.


Уый уын уӕллаг уӕладзыджы стыр ӕфснайд уатмӕ бацамондзӕн, ӕмӕ-иу уым ӕрӕвӕрут фынг».


Уӕд, фӕсномыгӕй Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цом ӕмӕ мах дӕр Йемӕ амӕлӕм».


Иудӕ Йын (Искариот нӕ, фӕлӕ иннӕ) загъта: «Хицау, дунейӕн нӕ, фӕлӕ махӕн Дӕхи раргом кӕнынмӕ кӕй хъавыс, уый цы нысан кӕны?»


Дуаргӕс сылгоймаг Петры бафарста: «Ды дӕр, мыййаг, уыцы Адӕймаджы ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ дӕ?» Петр загъта: «Нӕ дӕн».


Симон Петр, фӕсномыгӕй Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома, галилейаг Канӕйӕ чи уыди, уыцы Нафанаил, Зеведейы фырттӕ ӕмӕ ма ноджы Йесойы дыууӕ ӕндӕр ахуыргӕнинаджы уыдысты иумӕ.


Петр сын йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Бардарӕг ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Йаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыди уырдыгӕй ӕмӕ араст ис ӕндӕр ранмӕ.


Сӕ ныхас куы фесты, уӕд райдыдта дзурын Йаков: «Ӕфсымӕртӕ, байхъусут мӕм.


Уӕд Петр иннӕ иуӕндӕс апостолимӕ ӕрлӕууыд адӕмы раз ӕмӕ сын, алчидӕр ӕй куыд хъуса, афтӕ хъӕрӕй дзурын райдыдта: «Иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕ! Лӕмбынӕг мӕм ӕрбайхъусут ӕмӕ йӕ бамбарат.


Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ уын цӕмӕй хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл аргъуыд райсӕд, ӕмӕ уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзыстут.


Кӕм ӕрӕмбырд стӕм, уыцы уӕллаг уаты сыгъди бирӕ цырӕгътӕ.


Иудейаг хицӕуттӕ куы бакастысты, Петр ӕмӕ Иоанн куыд ныфсхаст сты, уымӕ, стӕй, ӕнахуыргонд ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ кӕй сты, уый куы федтой, уӕд раздӕр бадис кодтой, фӕлӕ стӕй бамбӕрстой, Йесоимӕ чи уыд, уыдонӕй кӕй уыдысты, уый.


Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн дзуапп радтой: «Ахъуыды-ма кӕнут уӕхӕдӕг, Хуыцауы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уый Хуыцаумӕ раст фӕкӕсдзӕн?


Уый фӕстӕ Йӕхи равдыста Йаковмӕ, фӕстӕдӕр — ӕппӕт апостолтӕм.


Иннӕ апостолтӕй, Бардарӕг Йесойы ӕфсымӕр Йаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон.


Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Йаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн — аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон — немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕгтӕм, уыдон та — сунӕтгӕндтӕм.


Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.


Хистӕрӕй — Хуыцауы ӕвзӕрст ӕхсинмӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕм, ӕрмӕст ӕз нӕ, фӕлӕ ӕцӕгад базонджытӕ се ’ппӕт дӕр зӕрдиагӕй кӕй уарзынц, уыдонмӕ.


Йесо Чырыстийы цагъар Иудӕйӕ, Йаковы ӕфсымӕрӕй, — Фыд Хуыцауӕн уарзон ӕмӕ, Йесо Чырысти кӕй хъахъхъӕны, уыцы ӕвзӕрстытӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan