Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Нал сӕм зынди, фӕлӕ ма уӕддӕр арвмӕ кастысты ӕдзынӕг. Ӕваст сӕ разы февзӕрдысты дыууӕ лӕджы, урс-урсид дарӕсы,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 1:10
12 Iomraidhean Croise  

Уый йын загъта: «Зын саразӕн у, цы мӕ курыс, уый. Дунедарӕг мӕ дӕ цурӕй куыд айсдзӕн, уый куы фенай, уӕд хорз, науӕд дзы ницы рауайдзӕн».


Уалынмӕ паддзахы бадӕнтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ Ӕнусты Цӕрӕг къӕлӕтджыны ӕрбадти. Йӕ дарӕс — митӕнгӕс, Йӕ сӕрыхъуынтӕ — урс цагъд къуымбилы хуызӕн,


Сӕ разы Йӕ хуыз аивта — Йӕ цӕсгом сӕрттывта хурау, Йӕ дарӕс та рухсау урс-урсид фестади.


Уый уыди арвӕрттывды ӕнгӕс, йӕ дарӕс — урс-урсид митау.


Зӕппадзмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы рахизӕрдыгӕй федтой ӕрыгон лӕппуйы, урс дарӕсы бадгӕйӕ, ӕмӕ сыл стыр тас бахӕцыд.


ӕмӕ джихӕй аззадысты. Ӕваст сӕ разы дыууӕ лӕджы цӕхӕркалгӕ дарӕсы февзӕрдысты.


Йесойы мард кӕм ӕвӕрд уыди, уым дыууӕ зӕды урс дарӕсы бадгӕ, сӕ иу — Йӕ нывӕрзӕны, иннӕ — Йӕ дӕлфӕдты ’рдыгӕй.


Иу хатт, фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг, Корнелимӕ Хуыцауы зӕд раргом ис. Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Корнелий!»


Корнелий загъта: «Ӕртӕ боны размӕ, ацафон, фарӕстӕм сахатыл, ӕз куывтон мӕ хӕдзары. Уӕд мӕ разы ӕрттивгӕ дарӕсы февзӕрд иу лӕг


Уӕвгӕ дын Сардисы ис, йӕ дарӕс чи нӕ фӕчъизи кодта, цалдӕр ахӕм адӕймаджы. Уыдон урс-урсид дарӕсы цӕудзысты Мемӕ, уымӕн ӕмӕ уый аккаг сты.


Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan