9 Ӕз бардзырд ратдзынӕн, ӕмӕ Израилы адӕмы, мӕнӕу сыхырнайы куыд балуарынц, афтӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзысты, ӕмӕ дзы иу дур дӕр нӕ ахиздзӕн.
Израилӕгтӕ, ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Дунедарӕг ӕфсиртӕ иууылдӕр банай кӕндзӕн, Евфраты донӕй Мысыры арӕныл цы цӕугӕдон ис, уый онг ӕмӕ уӕ иугай ӕрӕмбырд кӕндзӕн.
Хортӕ та, куыннӕ ныцъцъӕл, куыннӕ ныммур уой, афтӕ сӕ банай кӕнынц, чъеурийы цӕлхытыл бӕхтӕ баифтындзынц, афтӕмӕй.
Йӕ раулӕфт — абухгӕ фурдау, куы раивылы ӕмӕ дзы лӕг йӕ къубалы онг куы аныгъуылы, уыйау. Уый адӕмты сӕфты сасирӕй балуардзӕн; адӕмтыл бакӕндзӕни дзылар ӕмӕ сӕ уый рӕдыд фӕндагмӕ сараздзӕн.
«Кӕд ацы уагӕвӕрдтӕ сӕ куыстӕй ныллӕудзысты Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕд Израилы байзӕддӕгтӕ дӕр нал уыдзысты Мӕ адӕм».
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, Ӕз демӕ дӕн. Ӕз дӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, фӕлӕ ныр се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн. Ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ ныццӕгъддзынӕн. Раст тӕрхон дын рахӕсдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».
Арвы цыппар кӕронӕй Еламы бӕстӕм цыппар дымгӕйы арвитдзынӕн ӕмӕ йӕ цыппар дымгӕйыл ныффӕйлаудзынӕн. Тард еламӕгтӕ кӕй зӕхмӕ не ’рцӕудзысты, ахӕм адӕмыхатт нал баззайдзӕн.
Сымахӕй фӕхицӕн кӕндзынӕн, Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыцы фыдгӕнджыты. Ракӕндзынӕн сӕ, ӕрцӕуӕггӕгты цардӕй кӕм цӕрынц, уыцы зӕххӕй, фӕлӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Ныххӕлиу сӕ кодтон алы бӕстӕты, алы адӕмтыл; стӕрхон сын кодтон сӕ фӕндӕгтӕм, сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
Адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, фӕлӕ сӕ стӕй фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ, ӕмӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау кӕй дӕн, уый.
Уымӕ гӕсгӕ дӕ мидӕг фыдӕлтӕ хӕрдзысты сӕ фыртты, уыдон та — сӕ фыдӕлты. Ӕз дыл Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн, чи ма дӕ аирвӕза, уыдоны та ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн.
Дӕ иу ӕртыккаг хай дӕ мидӕг амӕлдзысты емынӕйӕ ӕмӕ сыдӕй, иннӕ ӕртыккаг хай карды амӕттаг бауыдзӕни дӕ алфамбылай, аннӕ ӕртыккаг хайы та дын ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн. Фӕсте сӕм ӕвзиддзынӕн кардӕй.
Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты.
Симон, Симон! Сайтан куырдта, цӕмӕй уӕ, мӕнӕу зыгуымӕй куыд фӕхицӕн кӕнынц, уыйау дымгӕмӕ ныддара!
Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут.