Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 9:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕххыл куы андзӕва, уӕд зӕхх сӕнкъуысдзӕн, ӕмӕ йыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон ныддодой кӕндзысты. Зӕхх хӕрдмӕ фӕцӕудзӕнис Нилау, Мысыры цӕугӕдонау фӕстӕмӕ ӕрцӕудзӕнис дӕлӕмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 9:5
17 Iomraidhean Croise  

Ныууарыд сыл къӕвдайы бӕсты их, пиллон арт сӕ зӕххыл ацыди.


Мӕ хъуыдытӕ уыдзысты Дӕ рухс ӕмӕ Дӕ кадыл, Де стырадыл, Дӕ диссӕгтыл.


Дунедарӕджы ныхасӕй фӕзындысты уӕлӕрвтӕ, Йӕ комытӕфӕй — стъалыты ӕфсад.


Цины уынӕримӕ Хуыцау ссыди уӕлӕмӕ, ссыди Хуыцау сыкъауадындзы зӕлтимӕ.


Зарут Дунедарӕгӕн дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ, Зарут хъӕрӕй дыууадӕстӕнонты зӕлтимӕ!


Тӕхуды ӕмӕ куы байгом кӕнис уӕлӕрвтӕ, куы ’рхизис дӕлӕмӕ, цӕмӕй хӕхтӕ ӕмризӕджы нырризой!


Кӕдмӕ дзыназдзӕн зӕхх, быдырты кӕрдӕг кӕдмӕ хус кӕндзӕн? Зӕххон цӕрджыты аххосӕй сӕфынц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: «Нӕ фӕндӕгтӕ нын Уый нӕ уыны».


Уый тыххӕй бахус уыдзӕни зӕхх, ӕмӕ фырвӕллад бауыдзысты йе ’ппӕт цӕрджытӕ — быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ суанг денджызы кӕсӕгтӕ дӕр бабын уыдзысты.


Куыннӕ хъуамӕ сӕнкъуыса зӕхх, йӕ цӕрджытӕ додой куыннӕ кӕной? Зӕхх Нилы донау гуылфӕнтӕ кӕндзӕн, Мысыры цӕугӕдонау кӕм хӕрдмӕ фӕцӕудзӕн, кӕм дӕлӕмӕ.


Хӕхтӕ нынкъуысынц, къуылдымтӕ ныззыр-зыр кӕнынц, зӕхх, ӕппӕт дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ нырризынц Йӕ разы.


Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!


ныррызтысты Дӕ уындӕй хӕхтӕ. Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй, фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта, йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.


Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади ӕмӕ сӕхи уыцы хӕдзарыл ӕмцӕф ныккодтой. Хӕдзар ныккалд ӕмӕ дурты кӕри фестад.


Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan