9 Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — хур аныгуылын кӕндзынӕн ӕмбисбон, райдзаст бонастӕу зӕхх баталынг уыдзӕн.
Боныгон сыл саудалынг ӕртыхсы, бон-сихорафон, цыма ӕхсӕв у, уыйау, куырмӕджы цӕуӕгау, цӕуынц.
Стъалытӕ ӕмӕ стъалыгуыппартӕ нал ратдзысты сӕ рухс. Хур, куыддӕр скӕсӕнӕй йӕ цӕст сдара, афтӕ ахуысдзӕн, мӕйы цӕст бакуырм уыдзӕн.
Сыстаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, цалынмӕ Уый нӕ баталынг кодта дуне ӕмӕ саудалынджы нӕ фӕкалдыстут, уӕдмӕ. Рухсмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстут, фӕлӕ йӕ Уый тар ӕмӕ саудалынг фестын кӕндзӕн.
Авд сывӕллоны ныййарӕгмӕ ныр хъару нал ис, ӕмӕ йӕ уд исы, ӕмбисбон аныгуылди йӕ хур, сӕгад ӕмӕ фӕхудинаг ис. Чи ма аирвӕзт, уыдоны та Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн се знӕгты цӕстыты раз», — зӕгъы Дунедарӕг.
Куы бабын уай, уӕд Ӕз сӕхгӕндзынӕн арв, стъалытӕ бамынӕг кӕндзынӕн, хур мигъы аууон бакӕндзынӕн, ӕмӕ мӕй дӕр нал ратдзӕн йӕ рухс.
Мӕнӕ ис, хӕхтӕ ӕмӕ дымгӕ Чи сфӕлдыста, Йӕ фӕндон адӕмӕн чи раргом кӕны, сӕуӕхсид талынг Чи фестын кӕны ӕмӕ къуыбыртӕ Чи ссӕнды, Уый, Йӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Авд хойы стъалыгуппар ӕмӕ Орион Чи сфӕлдыста? Талынг райдзаст райсом Чи фестын кӕны, бон та — тар ӕхсӕв? Чи фӕсиды денджызы уылӕнтӕм ӕмӕ сӕ зӕххы цъарыл Чи акалы? Дунедарӕг — Йӕ ном!
Уый тыххӕй сӕм цӕстылуайӕнты бӕсты ӕнхъӕлмӕ кӕсы тар ӕхсӕв, рагуацты бӕсты — саудалынг. Хур сыл баталынг уыдзӕн, боны рухс нал фендзысты.
Уыцы бон кӕд ралӕудзӕнис, уый ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг зоны; уый нӕдӕр бон уыдзӕн, нӕдӕр ӕхсӕв, фӕлӕ куы баизӕр уа, уӕд рухс фӕзындзӕни.
Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд хур баталынг уыдзӕни, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.
Ӕхсӕз сахатыл бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ӕмӕ афтӕ ахаста фараст сахаты онг.
Ӕхсӕзӕм сахат куы ралӕууыди, уӕд бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ис, ӕмӕ афтӕ ахаста суанг фарӕстӕм сахаты онг.
Уыдис ӕхсӕз сахатмӕ ӕввахс. Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр саудалынг баци ӕмӕ суанг фарӕстӕм сахаты онг йӕ хуыз нӕ аивта,
Уӕрыкк ӕхсӕзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд ӕз федтон: зӕхх тынг нынкъуысти, хур сӕхъисау ныссау ис, мӕй та туджы хуызӕн сси.
Цыппӕрӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ хуры ӕртыццаг хай, мӕйы ӕртыццаг хай, стӕй стъалыты ӕртыццаг хай ныттар ис. Сӕ рухс афтӕ бамынӕг, ӕмӕ боны, стӕй ӕхсӕвы ӕртыццаг хай дӕр уыди талынг.