7 Дунедарӕг сомы кӕны Израилы сӕрыстырдзинадӕй: «Сӕ хъуыддӕгтӕ сын нӕ ферох кӕндзынӕн мыггагмӕ!»
Уый сӕ хъахъхъӕны, се ’нцой лӕууы, сӕ фӕндӕгтӕй Йӕ цӕст нӕ исы.
Йӕ цӕрӕнты — Хуыцау, сӕ армдарӕг.
Паддзӕхтӕ ӕрӕмбырд сты, сӕ ных ӕм сарӕзтой,
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хъусы мӕгуырты лӕгъстӕтӕ, Йӕ адӕмы уацары нӕ ныууадздзӕн.
Загъта: «Мӕ къух сдардтон Дунедарӕджы бадӕнмӕ. Дунедарӕджы хӕст Амалекимӕ — мыггагмӕ».
Уӕларвӕфсады Бардарӕг мын загъта: «Ацы тӕригъӕд уын хатыргонд нӕ уыдзӕн уӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр». Афтӕ загъта Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Фӕлӕ уын Ӕз Мӕхи сӕраппонд барын уӕ фыдракӕндтӕ, уӕ тӕригъӕдтӕ уын нӕ бадардзынӕн уӕ цӕстмӕ.
Иудейы тӕригъӕд ӕхсон ӕмӕ ӕфсӕн сисӕй ныффыстӕуыд адӕмы дур зӕрдӕтыл ӕмӕ нывондхӕссӕнты сыкъатыл.
Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры нал ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ нал дзурдзӕн, Дунедарӕджы базонут, зӕгъгӕ, — иууылдӕр Мӕ зондзысты, стырӕй, чысылӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз сын сӕ фыдракӕндтӕ ныббардзынӕн, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн.
«Сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ, уӕ паддзӕхтӕ, уӕ фӕтӕгтӕ ӕмӕ бӕстӕйы адӕм Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахарты будсудзӕн кӕй кодтой, Дунедарӕг уӕ, мыййаг, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта? Уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ, нӕ рафыхти Йӕ маст?
Уыдонӕн сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ рох кӕй не сты, уый. Сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ алыварс ӕртыхстысты, нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй!
Нывӕндтӕ мын ӕрхӕссынц ӕмӕ сын сӕ дзидза хӕрынц, фӕлӕ сын сӕ Дунедарӕг нӕ айсы. Уый сын ӕрхъуыды кӕндзӕн сӕ тӕригъӕдтӕ, бафхӕрдзӕн сӕ, ӕмӕ Мысырмӕ раздӕхдзысты.
Фехӕлдысты бынтондӕр, раст Гевӕйы куыд уыд, афтӕ. Хуыцау сын се ’нӕхуыцау митӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн.
Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй: ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕ цӕгтӕ ӕмӕ ӕнгуыртӕй уацары акӕндзысты.
Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕхицӕй, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: Йаковы сӕрыстырдзинад Мын ӕлгъаг у, Йӕ галуантӕ Мын сты ӕнӕуынон, Ӕз ын йӕ сахар йе ’ппӕт цӕрджытимӕ знаджы къухмӕ ратдзынӕн.
Муртаттӕгтӕн Уый уыдзӕни Дӕу ӕргомгӕнӕг рухс, Дӕ адӕмӕн, Израилӕн та — йӕ кад».