6 Гӕвзыччы ӕлхӕндзыстӕм ӕвзистӕй, мӕгуыр лӕджы — дыууӕ дзабырӕй, нӕ зыгуым дӕр-иу уӕй кӕндзыстӕм».
Загътон сын, ӕндӕр адӕмтӕм, зӕгъын, уӕйгонд чи ӕрцыди, уыцы иудейӕгты мах, нӕ бон цас уыди, уыйас фӕстӕмӕ фелхӕдтам. Сымах та, зӕгъын, уе ’фсымӕрты уӕй кӕнут, ӕмӕ ныр махӕн ӕлхӕнинаг фесты! Ницы дзырдтой, стӕй зӕгъгӕ дӕр цы хъуамӕ кодтаиккой?
Дӕ гӕртамхорты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы. Ӕфстау дӕттыс пайда райсыны охыл, тыхӕй байсыс дӕ хионы исбон, Мӕн та ферох кодтай, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Мӕ адӕмыл Мын хӕлттӕ ӕппӕрстой, ӕвзонг лӕппуйы хӕтаг сылыл ивтой, чызджыты-иу сӕныл ауӕй кодтой ӕмӕ-иу нуӕзтой.
Сымах Иудӕ ӕмӕ Йерусалимы адӕмы бердзенӕгтӕн уӕй кодтат, цӕмӕй сӕ хауӕццаг фӕкӕнат сӕ райгуырӕн зӕххӕй.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Израилы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн. Раст адӕймаджы уӕй кӕнынц ӕвзистыл, мӕгуыр лӕджы — дыууӕ дзабырыл.
Ашдод ӕмӕ Мысыры сахарты фехъусын кӕнут: «Ӕрӕмбырд ут Самарийы къуыбыртыл, акӕсут-ма, цытӕ дзы цӕуы, уымӕ: бӕстӕ — змӕст, адӕм се ’фсондзы бын удхарӕй мӕлынц!»
Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!»
Байхъусут, мӕгуырты ’фхӕрджытӕ, се сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон!
Ӕз ӕй бафарстон: «Цы у уый?» Дзуапп мын радта: «Уый у, ефӕйы бӕрц кӕм цӕуы, ахӕм барӕн мигӕнӕн». Загъта ма: «Уый у ӕгас зӕххы азым».