Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 8:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Дунедарӕджы ныхас фехъусыны тыххӕй иу денджызӕй иннӕмӕ, цӕгатӕй скӕсӕнмӕ цӕудзысты, фӕлӕ йӕ не ссардзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 8:12
14 Iomraidhean Croise  

уӕд ма мӕм сиддзысты, фӕлӕ дзуапп нӕ ратдзынӕн, агурдзысты мӕ, фӕлӕ мӕ нал ссардзысты.


Ӕдзӕсгом агуры уӕлзонд, фӕлӕ йыл нӕ хӕст кӕны; зондджын йӕ зондыл ӕнцонӕй ӕфтауы.


Пехуымпартӕ рагуацтӕ куынӕуал фӕуынынц, уӕд адӕм, ӕфсарм цы у, уый ферох кӕнынц; Хуыцауы ’гъдау чи ӕххӕст кӕны, уый тӕхудиаг у.


«Адӕймаджы фырт! Израилы хистӕртӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ бафӕрсынмӕ ӕрбацыдыстут? Сомы кӕнын Мӕхицӕй, ницы дзуапп уын ратдзынӕн“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Лӕвӕрттӕ сын хӕсгӕйӕ ӕмӕ сын уӕ цоты арты нывондӕн судзгӕйӕ, уӕхи фӕчъизи кӕнут уӕ гуымирытӕй. Ӕмӕ ма уый фӕстӕ дзуапп агурут Мӕнӕй, Израилы адӕм? Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ницы дзуапп уын ратдзынӕн!


Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».


Сӕ фысвос ӕмӕ се стуртимӕ Дунедарӕджы агурӕг зилдзысты, фӕлӕ Йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Уый ныууадздзӕни.


Мемӕ чи нӕй, уый Мӕ ныхмӕ у, ӕмӕ Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый сафгӕ кӕны.


Ӕвзонг Самуел Елиайӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ афтӕмӕй лӕггад кодта Дунедарӕгӕн. Уыцы заман арӕх нӕ хъуысти Дунедарӕджы ныхас, Йӕхи ӕргом кодта стӕм хатт.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan