Амос 8:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст11 Мӕнӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ зӕххыл стонг заман ӕруадздзынӕн. Дзул ӕмӕ доны фыдӕй куы фӕмӕлынц, ахӕм дуг нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы ныхас фехъусынмӕ куы бӕлдзысты, ахӕм заман. Faic an caibideil |
Самуел ӕй бафарста: «Цӕмӕн мӕ бахъыгдӕрдтай ӕмӕ мӕ цӕмӕн ӕрбацӕуын кодтай?» Саул ын загъта: «Уынгӕджы фӕдӕн филистимӕгтӕй: мӕ ныхмӕ хӕцынц, ӕмӕ мӕ Хуыцау дӕр Йе ’ргом аздӕхта. Нал мын дӕтты дзуапп нӕдӕр пехуымпарты дзыхӕй, нӕдӕр мӕ фыны. Уый тыххӕй дӕм фӕдзырдтон, цӕмӕй мын бацамонай, цы кӕнгӕ у, уый».