9 Исаакы уаз къуыппытӕ ныддӕрӕн кӕндзынӕн, Израилы кувӕндӕттӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты, Ӕз кардимӕ Йеровоамы байзӕддӕгты ныхмӕ сыстдзынӕн».
Израил йе ’ппӕт исбонимӕ сыстади Ханааны зӕххӕй. Беер-Шевӕмӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕн ӕрхаста нывӕндтӕ.
Йеровоам, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, Наваты фырт Йоровамӕй фӕсте нӕ зади, уый хуызӕн Израилы адӕмы тӕригъӕдты амӕттаг кодта.
Ацы зӕхх бирӕ рӕстӕг нӕ уыди Дӕ адӕмы исбон, уымӕн ӕмӕ Дын фыдгултӕ фӕчъизи кодтой Дӕ Кувӕндон.
Дунедарӕджы уаз Кувӕндонмӕ ӕцӕгӕлӕттӕ куы бацыдысты, уӕд мах сӕгад стӕм, хынджылӕггаг систӕм ӕмӕ худинаджы бын фестӕм.
Зӕгъ сын: „Израилы хӕхтӕ! Байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау хӕхтӕн, къуыбыртӕн, мӕсчъытӕн ӕмӕ дӕлвӕзтӕн: кардӕй уӕм февзиддзынӕн Ӕз ӕмӕ уын уӕ кувӕн къуыбыртӕ ныппырх кӕндзынӕн.
Израилӕгты тӕригъӕдӕн ӕвдисӕн цы уаз къуыппытӕ сты, уыдон ӕрцӕудзысты дӕрӕнгонд, какон сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты сӕ нывондхӕссӕнтӕ. Хӕхтӕм дзурдзысты: «Ӕрӕмбӕрзут нӕ!», къуыбыртӕм: «Ӕркӕлут ныл!»
Ӕз Йаковы йӕ фыдракӕндты тыххӕй цы бон бафхӕрдзынӕн, уыцы бон Вефилы нывондхӕссӕнтӕ дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзысты, сӕ сыкъатӕ сын акъуырдзысты ӕмӕ сӕ зӕхмӕ фехсдзысты.
Ма цӕут Вефилмӕ, Гилгал ӕмӕ Беер-Шевӕмӕ. Гилгалы цӕрджыты иууылдӕр уацары акӕндзысты, Вефилӕн та зӕххыл йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн».
Амос зӕгъы: „Йеровоамы хъамайы цӕфӕй амардзысты, израилӕгты ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты“».
Вефилы та мацыуал дзур, уымӕн ӕмӕ уый паддзахӕн йӕ кувӕндон ӕмӕ йӕ хӕдзар у».
Самарийы тӕригъӕдӕй ард чи хӕры, уыдон дзурынц: «Дан, сомы кӕнын дӕ хуыцауӕй, ард хӕрын Беер-Шевӕмӕ фӕндагӕй». Уыдон иууылдӕр ӕрхаудзысты ӕмӕ нал сыстдзысты.
Ӕз федтон Дунедарӕджы. Уый лӕууыди нывондхӕссӕныл ӕмӕ загъта: «Цӕджындзы сӕр ныццӕв, къӕсӕртӕ куыд сӕнкъуысой, афтӕ, уадз ӕмӕ Кувӕндон адӕмыл ныккӕла. Чи ма дзы аирвӕза, уыдоны кардӕй ныццӕгъддзынӕн, иунӕг дӕр дзы нӕ алидздзӕн, ничи фервӕздзӕн.
Ӕппӕт адӕттӕ ’рцӕудзысты Йаковы ӕнӕхуыцау миты, Израилы тӕригъӕдты аххосӕй. Самари — мӕнӕ ис Йаковы тӕригъӕд! Йерусалим — мӕнӕ ис Иудейы уаз къуыпп!