7 Уый мын ноджы фенын кодта ахӕм ныв: уырдыг сисы сӕрыл лӕууыди Бардарӕг, Йӕ къухы — ауыгъд зды.
Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.
Басаста моавӕгты дӕр; зӕххыл сӕ ӕрхуыссын кодта, бӕндӕнӕй сӕ абарста ӕмӕ ӕртӕ бӕндӕны рауадысты: дыууӕ бӕндӕны дзы марынмӕ радта, иу та удӕгасӕй ныууагъта. Моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой.
Йерусалим абардзынӕн, Самари цы ӕмвӕзбарӕн синагӕй барст ӕрцыд ӕмӕ Ахавы галуан цы уырдыгбарӕнӕй барст ӕрцыд, уыдонӕй. Къус куыд ныссӕрфынц ӕмӕ йӕ фӕдӕлгом кӕнынц, афтӕ Ӕз дӕр равдӕлон кӕндзынӕн ӕмӕ сфӕлдахдзынӕн Йерусалимы сахар.
Уым Мӕ раст тӕрхон ӕрӕвӕрдзынӕн барӕн синагау, Мӕ рӕстдзинад та — ауыгъд здыйау». Уе ’мбӕхсӕн — мӕнгдзинад, фӕлӕ йӕ ихуард ныххафдзӕн, доны бын фӕуыдзӕн.
Фестдзӕни зымтӕ ӕмӕ уызынты бӕстӕ, сидахъхъытӕ ӕмӕ сынтыты цӕрӕн. Дунедарӕг ӕй абардзӕни бӕндӕнӕй ӕмӕ йын йӕ арӕнтыл алырдыгӕй ӕрӕвӕрдзӕн арӕндуртӕ, цӕмӕй мыггагмӕ уа гӕныстон ӕмӕ ӕдзӕрӕг.
Дунедарӕг сфӕнд кодта ныппырх кӕнын Сионы систӕ, зӕххимӕ сӕ сиу кодта, ӕвӕллайгӕйӕ сӕ дӕрӕн кӕны. Дзыназынц систӕ ’мӕ бырутӕ, уӕ, хъизӕмар куы кӕнынц!
Ӕмӕ мӕ бакодта уырдӕм. Уым кулдуары раз лӕууыди иу лӕг: йӕ уынд — ӕрттиваг ӕрхуыйау, йӕ къухты — гӕнӕй быд бӕндӕн ӕмӕ барӕн хъил.
Ӕмӕ Дунедарӕг йӕ фӕндон аивта. «Нӕ уыдзӕн уый дӕр» — загъта Дунедарӕг.
Дунедарӕг мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Ауыгъд зды». Дунедарӕг мын загъта: «Рӕхджы Ӕз Мӕ адӕмы, Израилы, астӕу ауыгъд зды сӕвӕрдзынӕн; нал сын ныббардзынӕн.
Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл».
Радтой мӕм барӕн хъилы хуызӕн лӕдзӕг ӕмӕ мын загътой: «Марадз, сбар Хуыцауы Кувӕндон ӕмӕ нывондхӕссӕн ӕмӕ банымай, чи дзы кувы, уыдоны нымӕц.
Сахарӕн йӕхи, йӕ къул ӕмӕ йӕ дуӕрттӕ барынӕн, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕдмӕ уыди сыгъзӕрин лӕдзӕг.