16 Уӕдӕ ныр байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Ды зӕгъыс, пехуымпариуӕг мауал кӕн Израилы, Исаакы хӕдзарӕн мацыуал дзур, зӕгъгӕ.
Йоровам нывӕндтӕ ӕрхӕссыны охыл нывондхӕссӕны цур куыд лӕууыд, афтӕ Иудейӕ Вефилмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ, ӕрбацыд иу пехуымпар, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг.
Миха загъта: «Байхъус-ма, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахиз ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты.
Йеровоам, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, Наваты фырт Йоровамӕй фӕсте нӕ зади, уый хуызӕн Израилы адӕмы тӕригъӕдты амӕттаг кодта.
Уыдон зонынджынтӕн фӕзӕгъынц, мауал, дам, дзурут рагуацтӕ, пехуымпартӕн та — мауал, дам, нын хъусын кӕнут рагацау рӕстдзинад, кӕнут нын козбау ныхӕстӕ, дзурут нын зӕрдӕхцон цӕстылуайӕнтӕ.
Адӕймаджы фырт! Израилы пехуымпарты, хивӕндӕй рагуацтӕ чи дзуры, уыдоны ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн. Зӕгъ сын: «Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!
Уымӕ гӕсгӕ, хъахбай сыл, ӕрбайхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ!
«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз хуссарӕрдӕм, бартхъирӕн кӕн уыцырдӕм ӕмӕ хуссары хъӕдӕн пехуымпар ныхас зӕгъ.
«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом Йерусалимы ’рдӕм сараз ӕмӕ Кувӕндоны ныхмӕ, стӕй Израилы бӕстӕйы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн!
Сымах та-иу, Мӕхицӕн кӕй снывонд скодтон, уыдоны сӕнӕй ныррасыг кодтат, Мӕ пехуымпартӕн сдзурыны бар нӕ лӕвӕрдтат.
Вефилы та мацыуал дзур, уымӕн ӕмӕ уый паддзахӕн йӕ кувӕндон ӕмӕ йӕ хӕдзар у».
Афтӕмӕй та уыдон пехуымпартӕн дзырдтой: «Рагуацтӕ мауал хъусын кӕнут, мах нӕ фӕхудинаг уыдзыстӕм!»
Цы зонын, уый фемӕхсдзӕни уарынау; уыдзӕни мӕ дзыхы дзырд сӕууон ӕртӕхау, нӕудзарыл тӕрккъӕвда ӕрцӕуӕгау, кӕрдӕгыл саха ныккӕлӕгау.
Самуел Саулы фӕурӕдта: «Дӕ дзыхыл хӕц! Дысон мын Дунедарӕг цы раргом кодта, уый дын радзурон». Саул ын загъта: «Радзур».