12 Ӕмӕ Амациа загъта Амосӕн: «Пехуымпар, ардыгӕй Иудӕйы зӕхмӕ ацу, уым дӕхицӕн къӕбӕрваг кус ӕмӕ уыцы ран пехуымпариуӕг кӕн.
Аса зонынджынмӕ смӕсты ис, фыр мӕстӕй ма йӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодта. Уыцы заман адӕмӕй иуӕй-иуты дӕр ӕнӕхъуаджы карз бафхӕрдта.
Уыдон зонынджынтӕн фӕзӕгъынц, мауал, дам, дзурут рагуацтӕ, пехуымпартӕн та — мауал, дам, нын хъусын кӕнут рагацау рӕстдзинад, кӕнут нын козбау ныхӕстӕ, дзурут нын зӕрдӕхцон цӕстылуайӕнтӕ.
Куыйтау зыд ӕмӕ кӕрӕф сты, ӕфсис нӕ зонынц. Адӕмы хъӕр кӕмӕ нӕ хъуысы, уыцы фыййӕуттау сӕ алчи тыхсы ӕрмӕст йӕхи удыл, йӕхи пайдайыл.
Мӕ адӕмы раз Мӕ фегад кодтат, уымӕн ӕмӕ армыдзаг хъӕбӕрхор ӕмӕ дзулы къӕбӕры тыххӕй мӕлӕты амӕттаг бакӕнут, мӕлгӕ чи хъуамӕ ма акӕна, уыдоны ӕмӕ цӕргӕйӕ ныууадзут, цӕрыны аккаг чи нӕу, уыдоны. Афтӕмӕй фӕливут, уӕ мӕнг ныхӕстӕм уын чи хъусы, уыцы адӕмы».
Сымах та-иу, Мӕхицӕн кӕй снывонд скодтон, уыдоны сӕнӕй ныррасыг кодтат, Мӕ пехуымпартӕн сдзурыны бар нӕ лӕвӕрдтат.
Амос зӕгъы: „Йеровоамы хъамайы цӕфӕй амардзысты, израилӕгты ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты“».
Фӕлтау сымахӕй исчи Кувӕндоны дуӕрттӕ куы сӕхгӕнид, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл арт дзӕгъӕлы мауал судзат. Мӕ зӕрдӕ уӕ нӕ райы, уӕ нывӕндтӕ уын нӕ айсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Сахары цӕрджытӕ иууылдӕр рацыдысты Йесойы размӕ. Куы Йӕ федтой, уӕд Ӕм ӕрхатыдысты, цӕмӕй сӕ зӕххӕй ацӕуа.
Уыцы рӕстӕг Ӕм фарисейтӕй чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Дӕхи ардыгӕй ӕндӕр ранмӕ айс, уымӕн ӕмӕ Дӕ Ирод амарынмӕ хъавы».
Ӕрцыдысты сӕм ӕмӕ сӕ хатыр ракуырдтой. Ракодтой сӕ ахӕстонӕй ӕмӕ сӕм ныххатыдысты, цӕмӕй сахарӕй ацӕуой.
Ахӕмтӕ нӕ Бардарӕг Чырыстийӕн нӕ, фӕлӕ сӕ чъизи монцтӕн кусынц, рӕсугъд ӕмӕ козбау ныхӕстӕй фӕливынц, ӕнӕхин чи у, уыдоны.
Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.
сымахыл кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, Хуыцауы уыцы дзуг ӕнӕбары, ӕфтиаджы тыххӕй ма хизут, фӕлӕ зӕрдиагӕй, ӕнувыдӕй — Хуыцауӕн фӕндонӕй.
Дӕ хӕдзаронтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззайа, уыдонӕй-иу алчидӕр ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мӕ сауджыны раз ӕрзоныг кӕндзӕн ӕвзисты мур кӕнӕ дзулы къӕбӕры тыххӕй ӕмӕ-иу ын зӕгъдзӕн: „Исты сауджынлӕггадыл мӕ бафтау, цӕмӕй мӕхицӕн къӕбӕр самал кӕнон“».
(Раздӕр-иу Израилы исчи Хуыцауы фӕндон базонынмӕ куы цыд, уӕд-иу афтӕ дзырдтой: «Цом зонынджынмӕ», уымӕн ӕмӕ, ныр пехуымпар кӕй хонынц, уый раздӕр зонынджын хуыдтой.)