9 Искӕцы хӕдзары ма дӕс адӕймаджы куы баззайа, уӕд уыдон дӕр амӕлдзысты.
Йӕхицӕй ӕппӕлынӕй сын нал ӕфсӕсти — куыд кадджын ӕмӕ бонджын у, куыд бирӕ фырттӕ йын ис, куыд хъулон у паддзахӕн иннӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ дӕлбарты ’хсӕн.
иудейӕгты цыфыддӕр знаг Аманы, Хаммедатайы фырты, дӕс фырты. Сӕ амӕттӕгты мулкмӕ нӕ фӕцагайдтой иудейӕгтӕ.
Ӕвиппайды ӕдзӕрӕг быдырӕй тыхдымгӕ ӕрбацыди, хӕдзары цыппар фисынмӕ фӕлӕбурдта. Хӕдзар ныккалдис ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдон фӕмард сты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
Цотӕй йын рацыди авд фырты ӕмӕ ӕртӕ чызджы.
Йӕ хӕдзары мур дӕр ницыуал баззайдзӕн, Хуыцауы азары бон йӕ мулк байсысдзӕн донау.
Ацы паддзахӕн хъуамӕ йӕ фырттӕ дӕр амӕлой сӕ фыды азымы тыххӕй, науӕд та уын иуахӕмы бацахсдзысты уӕ зӕхх сӕ сахартӕй байдзаг кӕндзысты ӕгас дуне.
Мӕлӕт мидӕмӕ хизы нӕ рудзгуытӕй, бырсы нӕ галуантӕм; уынгты нын цӕгъды нӕ сабиты, фӕзты нын мары нӕ лӕппуты.
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Израилы сахартӕй искӕцыйӕ мин хӕстоны куы рацӕуа, уӕд дзы ӕрмӕстдӕр сӕдӕ аирвӕздзӕн, сӕдӕ хӕстоны кӕцӕй рацӕуа, уырдӕм та ма дӕс раздӕхдзӕн».
Мӕ нывондхӕссӕнӕй нӕ фӕиртасдзынӕн дӕ байзӕддаджы — уым баззайдзысты, цӕмӕй дӕ цӕсты рухс батар уа мастӕй ӕмӕ дӕ зӕрдӕ рисса. Се ’ппӕт дӕр мӕлдзысты сӕ тӕккӕ лӕджы кары.