Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 6:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕхицӕй, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: Йаковы сӕрыстырдзинад Мын ӕлгъаг у, Йӕ галуантӕ Мын сты ӕнӕуынон, Ӕз ын йӕ сахар йе ’ппӕт цӕрджытимӕ знаджы къухмӕ ратдзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 6:8
28 Iomraidhean Croise  

«Мӕхицӕй сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы хъуыддаг кӕй сарӕзтай, дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай,


уӕд сын Хуыцау сӕгад кӕны сӕ фӕтӕгты, ӕдзӕрӕг ранмӕ сӕ акӕны, ӕмӕ уым фӕдзӕгъӕл вӕййынц.


Йӕ цӕрӕнты — Хуыцау, сӕ армдарӕг.


О Хуыцау, ссыгъдӕг мын кӕн мӕ зӕрдӕ, раст уд мын сног кӕн мӕ мидӕг.


Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн фыддзинад ӕнӕуынон у. Сӕрыстыр ӕмӕ схъӕлдзырд, галиу фӕндаг ӕмӕ мӕнгӕвзаг ӕнӕуынон сты мӕнӕн.


Додой йӕ къона расыггӕнаг ефремонты рӕсугъд бӕстӕн, йӕ аив фӕлысты чи баруади, уыцы дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн — фыднозты рын сыстади йӕ цӕрджытыл!


Мӕ исбон, тар хъӕды цы домбай цӕры, уый ӕнгӕс сси: рыхы Мӕныл, ӕнӕуынон Мын фестад.


Уый зӕгъы: „Стыр хӕдзар, уӕрӕх галуантӕ сараздзынӕн мӕхицӕн“. Йӕ рудзгуытӕ йын нӕзыхъӕдӕй ӕмӕ сырх ахорӕнтӕй саив кӕны.


Ацы ныхӕстӕм куынӕ байхъусой, уӕд та, сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы галуан хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн!»


Фӕлӕ байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, Мысыры цӕрӕг иудейӕгтӕ! Ард хӕрын Мӕ хъомысджын номӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мысыры зӕххыл чи цӕры, уыцы иудейӕгтӕй Мӕ ном никуыуал ничи сдзурдзӕн ӕмӕ уыдонӕй афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: «Цардӕгас у Дунедарӕг Хуыцау!»


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Боцрайы сахар алкӕй йӕ уындӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, ӕлгъитдзысты йӕ, мыггагмӕ йӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг расомы кодта Йӕхицӕй: «Ӕз дӕ мӕтыхтау адӕмӕй байдзаг кӕндзынӕн, сӕ уӕлахизы хъӕр райхъуысдзӕн дӕ сӕрмӕ».


Дунедарӕг йе знаг фестади, фесӕфта Израилы! Ныддӕрӕн кодта галуантӕ ’мӕ фидӕрттӕ; байдзаг кодта Иудейы зӕхх хъарӕгӕй, кӕуынӕй.


цӕмӕй ӕз Израилы адӕмӕн зӕгъон: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз фӕчъизи кӕндзынӕн Мӕ Кувӕндон — уӕ хъомысы цӕджындз, уӕ цӕстырухс, уӕ удлӕууӕн. Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ та, сахары кӕй ныууагътат, уыдон, карды амӕттаг бауыдзысты“.


Сӕ сахартӕ карды амӕттаг бауыдзысты, сӕ кулдуӕртты ӕвдузӕнтӕ сын ныппырх кӕндзысты, сӕ фыдвӕндтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕни.


Мӕ цӕрӕн ӕрӕвӕрдзынӕн уе ’хсӕн, ӕлгъ уыл нӕ кӕндзынӕн.


Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн.


Рӕстӕй цӕрын нӕ зонынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — тыхми ӕмӕ стигъыны фӕрцы сӕ галуантӕ алы хӕзнатӕй байдзаг сты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: бӕстӕйыл ӕрхъула кӕндзӕн знаг, дӕ хъомыс дын басӕтдзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ сафтид кӕндзӕн.


Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй: ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕ цӕгтӕ ӕмӕ ӕнгуыртӕй уацары акӕндзысты.


Уӕ бӕрӕгбӕттӕ Мын ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕуынон сты, уӕ нывӕндты фӕздӕг улӕфын Мӕ нӕ фӕнды.


Уыцы бон галуантӕй зарджыты бӕсты райхъуысдзӕни кӕуын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Зӕхх мӕрдтӕй байдзаг уыдзӕн. Алы ран дӕр — мӕрдтӕ, мӕрдтӕ! Сабыр!»


Дунедарӕг сомы кӕны Израилы сӕрыстырдзинадӕй: «Сӕ хъуыддӕгтӕ сын нӕ ферох кӕндзынӕн мыггагмӕ!»


Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон.


Дунедарӕг уый куы федта, уӕд фыр мӕстӕй атигъ кодта Йӕхи Йӕ фырттӕ ӕмӕ Йӕ чызджытыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan