Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 6:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уый тыххӕй уацайрӕгтӕн сӕ разӕй ацӕудзыстут, ӕмӕ уӕ хъал цардӕн кӕрон ӕрцӕудзӕнис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 6:7
17 Iomraidhean Croise  

Тас бацыди мӕ зӕрдӕйы, ӕмризӕджы ризын. Изӕрмилтӕм-иу зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн, ныр мыл уыдон дӕр стыр тас ӕфтауынц.


Далаты цины хъӕр нал хъуысы, цингӕнӕг адӕмы хъӕлӕс бамыр ис, бамынӕг дыууадӕстӕнонты цагъд;


Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,


Систы хуынчъытӕй уӕ сахарӕй ракӕндзысты рӕгъӕй ӕмӕ уӕ Хармоны зӕхмӕ баппардзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уыдӕтты тыххӕй уӕ Ӕз Дамаскӕй дарддӕр уацары акӕнын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Ма цӕут Вефилмӕ, Гилгал ӕмӕ Беер-Шевӕмӕ. Гилгалы цӕрджыты иууылдӕр уацары акӕндзысты, Вефилӕн та зӕххыл йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн».


Амос зӕгъы: „Йеровоамы хъамайы цӕфӕй амардзысты, израилӕгты ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты“».


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕ бинойнаг адӕмы бын баззайдзӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ кардылӕфтыд фӕуыдзысты, зӕхбарӕг дын дӕ зӕхх байуардзӕн. Дӕхӕдӕг тӕригъӕдджын зӕххыл амӕлдзынӕ, израилӕгты та ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты».


Какон сындзытау сыздыхстысты кӕрӕдзиуыл, ныррасыг сты сӕнӕй, хус хъӕмпау басудздзысты!


Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.


Фырттӕ ӕмӕ чызджыты хицау бауыдзыстут, фӕлӕ уемӕ нӕ баззайдзысты — уацары сӕ акӕндзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan