Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 6:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Сӕ хӕстӕджытӕй исчи ӕрбацӕудзӕн, цӕмӕй сӕ бавӕрыны размӕ байсӕрда ӕмӕ, марды ’ддӕмӕ хӕсгӕйӕ, хӕдзаргӕсы бафӕрсдзӕн: «Исчи ма дзы ис?» Уый йын дзуапп ратдзӕнис: «Ничи». Уӕд ын зӕгъдзӕн: «Сабыр! Дунедарӕджы ном дзурӕн нӕй!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 6:10
11 Iomraidhean Croise  

Иосиа уым афӕлгӕсыди хохыл ӕмӕ, зӕппӕдзтыл йӕ цӕст куы ’рхӕцыд, уӕд сын сӕ хуылфӕй мӕрдты стджытӕ рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта. Афтӕмӕй ӕгады гакк сӕвӕрдта Вефилы нывондхӕссӕныл, раздӕр Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг куыд фехъусын кодта, афтӕ.


Дзургӕ ма кодта, афтӕмӕй паддзах йӕхӕдӕг дӕр ӕрбахӕццӕ ис ӕмӕ Елисейӕн загъта: «Ныр ма цавӕр ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсон Дунедарӕгмӕ, фыдбӕллӕхы нӕ Йӕхӕдӕг куы баппӕрста, уӕд?»


Номджынӕй, мӕгуырӕй, ацы зӕххы адӕм иууылдӕр амӕлдзысты ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй баззайдзысты. Ничи сыл скӕудзӕн, уыдоны тыххӕй йӕ буар ничи ныллыгтӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ сӕр ничи адасдзӕн.


Фӕлӕ байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, Мысыры цӕрӕг иудейӕгтӕ! Ард хӕрын Мӕ хъомысджын номӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мысыры зӕххыл чи цӕры, уыцы иудейӕгтӕй Мӕ ном никуыуал ничи сдзурдзӕн ӕмӕ уыдонӕй афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: «Цардӕгас у Дунедарӕг Хуыцау!»


Мӕлӕт мидӕмӕ хизы нӕ рудзгуытӕй, бырсы нӕ галуантӕм; уынгты нын цӕгъды нӕ сабиты, фӕзты нын мары нӕ лӕппуты.


Сымах та, Израилы адӕм, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уӕ гуымирытӕм ацӕут ӕмӕ сын лӕггад кӕнут, кӕд Мӕнмӕ нӕ хъусут, уӕд, фӕлӕ Мын Мӕ уаз ном уӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ уӕ гуымирытӕй мауал фӕчъизи кӕнут.


цӕмӕй ӕз Израилы адӕмӕн зӕгъон: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз фӕчъизи кӕндзынӕн Мӕ Кувӕндон — уӕ хъомысы цӕджындз, уӕ цӕстырухс, уӕ удлӕууӕн. Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ та, сахары кӕй ныууагътат, уыдон, карды амӕттаг бауыдзысты“.


Ацы заманы куырыхон йӕ дзыхыл хӕцы, уымӕн ӕмӕ фыд заман у.


Уыцы бон галуантӕй зарджыты бӕсты райхъуысдзӕни кӕуын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Зӕхх мӕрдтӕй байдзаг уыдзӕн. Алы ран дӕр — мӕрдтӕ, мӕрдтӕ! Сабыр!»


Израилӕгтӕ загътой Моисейӕн: «Сӕфӕм, быныскъуыд кӕнӕм!


ӕмӕ се ’хсарджынтӕ ӕмхуызонӕй Бет-Шеанмӕ фӕдисы ацыдысты. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕцыдысты ӕмӕ Бет-Шеаны сисӕй Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ ӕристой. Ӕрбахастой сӕ Иавешмӕ ӕмӕ сӕ уым басыгътой,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan