Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 5:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Авд хойы стъалыгуппар ӕмӕ Орион Чи сфӕлдыста? Талынг райдзаст райсом Чи фестын кӕны, бон та — тар ӕхсӕв? Чи фӕсиды денджызы уылӕнтӕм ӕмӕ сӕ зӕххы цъарыл Чи акалы? Дунедарӕг — Йӕ ном!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 5:8
23 Iomraidhean Croise  

Сау тарӕн йӕ арф байгом кӕны, мӕрдон сӕудар рухсмӕ ракӕны.


Куы Хуыцауы цӕф, куы та Йӕ хорзӕх ӕрхӕссынц зӕхмӕ.


Дӕ хъӕлӕс ӕврӕгъты онг сӕххӕсдзӕн, знӕт дӕттӕ дын дзуапп ратдзысты?


Уый сфӕлдыста Аш, Кесил ӕмӕ Хима, стӕй хуссайраг стъалыгуппартӕ.


Паддзах радта суӕгъд кӕныны бардзырд, адӕмты хицау ын радта сӕрибар.


Уыдон райдыдтой кувын Пеоры хохы мӕнгхуыцау Баалӕн, мӕрдтӕн хаст нывӕндты фыд хордтой.


Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.


Куырмытау быруйы ӕнцӕйтты цӕуӕм. Рухс бонрӕфты фӕцӕйкӕлӕм, талынджы цӕуӕгау. Нӕ цардӕн йӕ тӕккӕ тӕмӕны мардау стӕм.


«Мӕнӕ сын Ӕз Мӕ хъомысджын къух равдисдзынӕн, ӕмӕ базондзысты, Мӕ ном Дунедарӕг кӕй у, уый.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, зӕхх Чи сфӕлдыста, Чи йӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ Чи сфидар кодта, Уый:


Мӕнӕ ис, хӕхтӕ ӕмӕ дымгӕ Чи сфӕлдыста, Йӕ фӕндон адӕмӕн чи раргом кӕны, сӕуӕхсид талынг Чи фестын кӕны ӕмӕ къуыбыртӕ Чи ссӕнды, Уый, Йӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — хур аныгуылын кӕндзынӕн ӕмбисбон, райдзаст бонастӕу зӕхх баталынг уыдзӕн.


Йӕ галуантӕ сарӕзта уӕлӕрвты, Йе ’рдынцар ӕрфидар кодта зӕххы сӕрмӕ. Уый фӕсиды денджызы дӕттӕм ӕмӕ сӕ акалы зӕххы цъарыл, Дунедарӕг — Йӕ ном.


Талынджы цы адӕм цардысты, уыдон ӕгӕрон рухс федтой, мӕлӕтон тар бӕстӕйы чи царди, уыдоны сӕрмӕ рухс сӕрттывта».


ныррухс кӕндзӕни, мӕлӕты тасимӕ тары йӕ бонтӕ чи ӕрвиты, уыдоны ӕмӕ нӕ сараздзӕн Хуыцауимӕ фидыды фӕндагыл».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan