Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 5:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ма цӕут Вефилмӕ, Гилгал ӕмӕ Беер-Шевӕмӕ. Гилгалы цӕрджыты иууылдӕр уацары акӕндзысты, Вефилӕн та зӕххыл йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 5:5
34 Iomraidhean Croise  

Кӕрӕдзийӕн ард кӕй бахордтой, уымӕ гӕсгӕ ацы бынат уӕдӕй фӕстӕмӕ хуыйны Беер-Шевӕ.


Авраам та Беер-Шевӕйы ныссагъта тамариск бӕлас ӕмӕ уым ссардта Дунедарӕджы, Ӕнусон Хуыцауы, ном.


Уырдыгӕй Исаак ссыди Беер-Шевӕмӕ.


Исаак уыцы цъай схуыдта Шива Сахар ныронг дӕр уымӕ гӕсгӕ хуыйны Беер-Шевӕ.


Паддзах бауынаффӕ кодта ӕмӕ скӕнын кодта дыууӕ сыгъзӕрин уӕныджы, стӕй адӕмӕн загъта: «Йерусалиммӕ цӕуыны сӕр уӕ нал хъӕуы, Израилы адӕм. Мӕнӕ уын, Мысыры зӕххӕй уӕ чи ракодта, уӕ уыцы Хуыцауы фӕлгонцтӕ!»


Йоровам иу уӕныг сӕвӕрдта Вефилы, иннӕ та — Даны.


Иудейы сахартӕй акодта ӕппӕт сауджынты ӕмӕ, нывӕндтӕ цы кувӕн къуыбыртыл хастой — Гевӕйӕ Беер-Шевӕйы онг — уыдон иууылдӕр фӕчъизи кодта. Сахары хицау Йешуайы хӕдзары мидкулдуар ӕмӕ сахары мидкулдуар, галиуӕрдыгӕй, мӕнгхуыцӕуттӕн цы кувӕн къуыбыртӕ уыд, уыдон дӕр фехалын кодта.


Де знӕгтӕ худинаджы бын фӕуыдзысты, ӕнаккӕгтӕ хӕдзархӕлдӕй баззайдзысты».


Дунедарӕгӕн кад кӕнут, Йӕ сыгъдӕджытӕ: Хуыцауы тас кӕй ис, уыдон хъуаг ницӕмӕй ӕййафынц.


Уӕд сӕ кой дӕр нал уыдзӕн ӕфхӕрджытӕн, се сӕфт ӕрцӕудзӕни фидисгӕнджытӕн, бабын уыдзысты, фыдбылызтӕ аразынмӕ чи бӕллы, уыдон,


Сымах алы фӕндтӕ нывӕндут, фӕлӕ уын фехӕлдзысты, уӕ иу ныхас дӕр нӕ сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис!


Моавы зӕхх Кемошы тыххӕй фӕхудинаг уыдзӕн, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Вефил куы сси, уӕд куыд сӕгад ис, афтӕ.


Израилӕгты тӕригъӕдӕн ӕвдисӕн цы уаз къуыппытӕ сты, уыдон ӕрцӕудзысты дӕрӕнгонд, какон сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты сӕ нывондхӕссӕнтӕ. Хӕхтӕм дзурдзысты: «Ӕрӕмбӕрзут нӕ!», къуыбыртӕм: «Ӕркӕлут ныл!»


Галаады фӕзынди фыддзинад, йӕ цӕрджытӕ дзӕгъӕл змӕлдыл систы. Гилгалы нывондӕн хастой галтӕ, фӕлӕ сӕ нывондхӕссӕнтӕ, быдыры ауӕдзыл цы дуррӕдзӕгъдтӕ самайынц, уыдонау суыдзысты.


Кӕд ды хӕтгӕ кӕныс, Израил, уӕд Иудӕ тӕригъӕдӕй йӕхи бахизӕд! Ма цӕут Гилгал кӕнӕ Бет-Авенмӕ ӕмӕ Дунедарӕгӕй сомы ма кӕнут.


«Гилгалы райдыдтой сӕ фыдмитӕ. Уым Мын фенӕуынон сты. Сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ Ӕз Мӕ Хӕдзарӕй фӕсурдзынӕн, нал сӕ уарздзынӕн — сӕ фӕтӕгтӕ мыл атигъ кодтой сӕхи.


Дамаскы кулдуӕрттӕн се ’вдузӕнтӕ ныссӕтдзынӕн. Авены дӕлвӕзы паддзахы бадӕны чи рабадт, уый дӕр, стӕй Бет-Едены паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Арамейӕгты Кирмӕ уацары акӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕз Йаковы йӕ фыдракӕндты тыххӕй цы бон бафхӕрдзынӕн, уыцы бон Вефилы нывондхӕссӕнтӕ дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзысты, сӕ сыкъатӕ сын акъуырдзысты ӕмӕ сӕ зӕхмӕ фехсдзысты.


Ӕрбацӕут Вефилмӕ, сбирӕ кӕнут уӕ тӕригъӕдтӕ! Ацӕут Гилгалмӕ, ӕмӕ сӕ уым ноджы фӕфылдӕр кӕнут! Алы райсом дӕр нывӕндтӕ хӕссут, уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хай — ӕртӕ бонӕй ӕртӕ бонмӕ!


Вефилы сауджын Амациа паддзах Йеровоаммӕ минӕвары арвыста ахӕм уацимӕ: «Амос израилӕгты дӕ ныхмӕ аразы, зӕхх нал уромы йӕ ныхӕстӕ.


Вефилы та мацыуал дзур, уымӕн ӕмӕ уый паддзахӕн йӕ кувӕндон ӕмӕ йӕ хӕдзар у».


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕ бинойнаг адӕмы бын баззайдзӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ кардылӕфтыд фӕуыдзысты, зӕхбарӕг дын дӕ зӕхх байуардзӕн. Дӕхӕдӕг тӕригъӕдджын зӕххыл амӕлдзынӕ, израилӕгты та ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты».


Исаакы уаз къуыппытӕ ныддӕрӕн кӕндзынӕн, Израилы кувӕндӕттӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты, Ӕз кардимӕ Йеровоамы байзӕддӕгты ныхмӕ сыстдзынӕн».


Самарийы тӕригъӕдӕй ард чи хӕры, уыдон дзурынц: «Дан, сомы кӕнын дӕ хуыцауӕй, ард хӕрын Беер-Шевӕмӕ фӕндагӕй». Уыдон иууылдӕр ӕрхаудзысты ӕмӕ нал сыстдзысты.


Дунейы цӕсты ницӕйаг, ӕгад ӕмӕ ӕнахадгӕ чи уыди, Хуыцау уыдоны сӕвзӕрста, цӕмӕй ахадгӕты скӕна ӕнахадгӕ,


Зондыл та ахуыр кӕнӕм алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уырнджыты, ӕрмӕст ацы дунейы зондыл, стӕй, сӕ кӕрон кӕмӕн ӕрцӕуы, а дунейы уыцы ӕлдариуӕггӕнджыты зондыл нӕ,


Фырттӕ ӕмӕ чызджыты хицау бауыдзыстут, фӕлӕ уемӕ нӕ баззайдзысты — уацары сӕ акӕндзысты.


Уый фӕстӕ Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Мысыры худинаджы уаргъ уын абон уӕ рагъӕй систон». Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы бынат схуындӕуыди Гилгал.


Уымӕн ӕмӕ ахӕм мулк фесӕфтис иунӕг сахатмӕ!» Науты хистӕртӕ ӕмӕ бӕлццӕттӕ иууылдӕр, наудзогтӕ, денджызыл цӕуӕг ӕппӕт сӕудӕджертӕ лӕууынц дӕрддзӕф,


Самуел загъта адӕмӕн: «Цӕуӕм Гилгалмӕ ӕмӕ та уым ногӕй паддзах расидӕм».


Алы аз дӕр-иу ӕрзылди Вефил, Гилгал ӕмӕ Мицпайыл ӕмӕ ӕппӕт уыцы рӕтты тӕрхон кодта Израилӕн.


Йӕ хистӕр фырты ном уыди Иоел, кӕстӕры ном — Авийа. Тӕрхон кодтой Беер-Шевӕйы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan