2 Ахаудис Израилы чызг, сыстын нал у йӕ бон! Йӕ райгуырӕн зӕххыл лӕзӕры — нӕй йӕ сисӕг!
Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.
Сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытыл ӕмӕ сӕхицӕн скодтой джиппыуагъд дыууӕ уӕныджы, стӕй Ашерӕйы цӕджындз. Кувын райдыдтой арвы стъалытӕм ӕмӕ табу кодтой Баалӕн.
Ацы паддзахӕн хъуамӕ йӕ фырттӕ дӕр амӕлой сӕ фыды азымы тыххӕй, науӕд та уын иуахӕмы бацахсдзысты уӕ зӕхх сӕ сахартӕй байдзаг кӕндзысты ӕгас дуне.
Расыг лӕгау дзедзырой кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕни мӕнгӕфсон халагъудау. Йӕ фыдракӕндтӕ йыл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд афӕлдӕхдзӕн ӕмӕ никуыуал схӕцдзӕн йӕхиуыл.
Йерусалим йӕ бындзарӕй нынкъуысыд, саст ӕрцыдис Иудей, уымӕн ӕмӕ адӕм дзыхы ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр Дунедарӕджы ӕфхӕрдтой, йӕ ныхмӕ рацыдысты ӕргом.
ӕмӕ йын Ӕз загътон: „Ӕлгъ дыл кӕндзысты ӕмӕ дыл худдзысты Сионы хохы цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм.
Фӕсте сӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтыл цы тыхджын ӕфсад сырдта, уый бабын ис. Ӕрхаудысты ӕмӕ сӕ бон нал баци сыстын. Сӕ зынг ахуыссыд, судзгӕ цырагъ куыд ӕрмынӕг вӕййы ӕмӕ ахуыссы, уыйау.
Ацы ныхӕстӕ сын фехъусын кӕн». Ӕхсӕвӕй-бонӕй ма бахус уӕд мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕмы чызгӕн тынг арф у йӕ хъӕдгом, уӕззау сты йӕ цӕфтӕ.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Бафӕрсут-ма адӕмты, ахӕм диссаг, цымӕ, искуы фехъуыстӕуыд? Израилы чызг ӕбуалгъ цъаммар митыл бафтыд!
«Мӕ фыд», зӕгъгӕ, бӕласмӕ дзурынц, «ныййарӕг мад» схонынц дур. Се ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕм сӕ чъылдым раздахынц! Бӕллӕхы заман та зӕгъдзысты: «Фӕзын-ма, фервӕзын нӕ кӕн!»
Израилы чызг, ногӕй дӕ сараздзынӕн, ӕмӕ арӕзт ӕрцӕудзынӕ, дӕ дала та райсдзынӕ ӕмӕ кафджытимӕ хъӕлдзӕгӕй кафдзынӕ.
Иу фыдбылыз иннӕйы ивы, ӕгас бӕстӕ хӕлӕттаг фӕци. Бабын сты иу уысммӕ мӕ цатыртӕ, цӕсты фӕныкъуылдмӕ — мӕ халагъудтӕ!
Фӕкӕлдзӕн ӕмӕ ахаудзӕн Сӕрыстыр, схӕцӕг ыл нӕ уыдзӕн. Йӕ сахартӕ йын басудздзынӕн, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр арты хай бауыдзысты.
Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Вавилон дӕр раст афтӕ аныгъуылдзӕн. Ӕз ын цы бӕллӕхтӕ бавзарын кӕндзынӕн, уыдоны фӕстӕ нал схӕцдзӕн йӕхиуыл, йӕ хъару фесӕфдзӕн“». Ацы ран пехуымпар Йеремиайы ныхӕстӕ фесты.
Зӕгъ сын: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ау, адӕймаг куы ’рхауа, уӕд фӕстӕмӕ сыстыныл нӕ архайдзӕн; йӕ фӕндагӕй чи адзӕгъӕл вӕййы, уый фӕстӕмӕ нӕ раздӕхы?
Мӕлӕт мидӕмӕ хизы нӕ рудзгуытӕй, бырсы нӕ галуантӕм; уынгты нын цӕгъды нӕ сабиты, фӕзты нын мары нӕ лӕппуты.
Ау, Ӕз сӕ уый тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?»
Йерусалим! Цӕуыл дӕ абарон, цы дын зӕгъон? Куыд дӕ ’рсабыр кӕнон, Сионы чызг!? Ӕнӕбын денджызау у арф дӕ рыст. Кӕй бон у сдзӕбӕх кӕнын дӕу?
Самари баййафдзӕнис ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ сыстади. Йӕ адӕм карды амӕттаг фӕуыдзысты, сӕ сабиты сын уӕнггай скӕндзысты, сывӕрджын сылгоймӕгтӕн сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты.
Дыууӕ бонмӕ нӕ царды тых бауадздзӕн, ӕртыккаг бон нӕ слӕууын кӕндзӕн нӕ къӕхтыл, ӕмӕ цӕрдзыстӕм Йӕ разы.
Самарийы тӕригъӕдӕй ард чи хӕры, уыдон дзурынц: «Дан, сомы кӕнын дӕ хуыцауӕй, ард хӕрын Беер-Шевӕмӕ фӕндагӕй». Уыдон иууылдӕр ӕрхаудзысты ӕмӕ нал сыстдзысты.
Уыцы бон Ӕз Давиды пырх цатыр ногӕй сӕвӕрдзынӕн. Йӕ зыхъхъыртӕ йын сӕхгӕндзынӕн, йӕ пырхытӕ йын банывыл кӕндзынӕн, кӕддӕр куыд уыдис, афтӕ та йӕ рацараздзынӕн,