13 Ацы заманы куырыхон йӕ дзыхыл хӕцы, уымӕн ӕмӕ фыд заман у.
Адӕм ӕм иууылдӕр хъуыстой ӕдзӕмӕй, иу ныхас дӕр не схауди сӕ дзыхӕй, уымӕн ӕмӕ сын паддзах Езекиа бафӕдзӕхста, мацы-иу ӕм сдзурут, зӕгъгӕ.
Ӕнхъӕлмӕ уӕм фӕкастӕн ӕмӕ, кӕд ницыуал зӕгъинаг стут, кӕд афтӕ хъусӕй лӕудзыстут,
Дӕ тызмӕг цӕстӕнгас мӕ аздах ӕмӕ мын иу чысыл циндзинад ратт, цалынмӕ нӕ аивгъуыдтон ӕмӕ мӕ фӕд нӕ фесӕфти, уӕдмӕ».
аскъуыйынӕн ӕмӕ бахуыйынӕн; хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ дзурынӕн;
Адӕймаг, йӕ царды ӕвзӕр рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕнис, уый нӕ фӕзоны. Кӕсаг ахсӕн хызы куыд бахауы, маргъ — къӕппӕджы, афтӕ адӕймаджы ӕвиппайды къӕппӕгмӕ басайынц, ӕмӕ йыл фыдбылыз ӕрцӕуы.
Иууылдӕр ӕм хъуыстой ӕнӕ хъыпп, ӕнӕ сымӕй, иу ныхас дӕр не схауди сӕ дзыхӕй, уымӕн ӕмӕ сын паддзах Езекиа бафӕдзӕхста, мацы-иу ӕм сдзурут, зӕгъгӕ.
Уыдон ын загътой: «Езекиа афтӕ зӕгъы: ацы бон нӕ Хуыцау бафхӕрдта нӕ тӕригъӕдты тыххӕй. Нӕ фыдох ӕмӕ нӕ худинаджы заман ралӕууыд. Арын афон ӕрхӕццӕ ис, фӕлӕ ныййарынӕн хъару нӕй.
Фӕлӕ быцӕу мачи кӕнӕд, мачи макӕй дарӕд азымы. Сауджынтӕ, Ӕз азымджын кӕнын сымах!
Сӕ хӕстӕджытӕй исчи ӕрбацӕудзӕн, цӕмӕй сӕ бавӕрыны размӕ байсӕрда ӕмӕ, марды ’ддӕмӕ хӕсгӕйӕ, хӕдзаргӕсы бафӕрсдзӕн: «Исчи ма дзы ис?» Уый йын дзуапп ратдзӕнис: «Ничи». Уӕд ын зӕгъдзӕн: «Сабыр! Дунедарӕджы ном дзурӕн нӕй!»
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз сфӕнд кодтон ацы адӕмыл, сӕ бӕрзӕйӕ кӕй нӕ сисдзысты, ахӕм бӕллӕх ӕруадзын, ӕмӕ сӕ бон раст цӕуын дӕр нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕни бӕллӕхы заман.
Куы фехъуыстон ӕз ацы уац — мӕ зӕрдӕ барызти. Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ, рыст ме стджыты дӕр ахызти. Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх, фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ не знӕгты фыдбылызмӕ.
Уый тыххӕй уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, цӕмӕй, фыдӕвзарӕн бон куы ралӕууа, уӕд уӕм ныхмӕ ӕрлӕууыны хъару разына, ӕппӕтыл дӕр фӕуӕлахиз уат ӕмӕ ма фӕцудат.
Зон уӕдӕ: рӕстӕджыты кӕрон ралӕудзӕн уӕззау заман.