1 Израилӕгтӕ, байхъусут ацы ныхасмӕ, цы хъарӕг уыл скодтон, уымӕ!
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Бафӕрсут-ма адӕмты, ахӕм диссаг, цымӕ, искуы фехъуыстӕуыд? Израилы чызг ӕбуалгъ цъаммар митыл бафтыд!
Дӕ дадалитӕ акъуыр ӕмӕ сӕ фехс! Къуыбыртыл хъарӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ацы фӕлтӕрӕй, чи Йӕ смӕсты кодта, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта!
Кӕудзынӕн хӕхтыл, хъарӕг сыл кӕндзынӕн, дзыназдзынӕн тыгъд быдырты сӕрвӕттыл! Басыгъдысты, иу цӕуӕг сыл нал ис, нал хъуысы фысты дзугты бӕгъ-бӕгъ. Уӕларвон мӕргътӕ фӕтахтысты, ныххӕлиу сты сырдтӕ.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ахъуыды кӕнут, хъарӕггӕнӕг устытӕм фӕдзурут, уадз ӕмӕ ӕрбацӕуой. Хъарӕг кӕнынмӕ сӕ дӕсныдӕр чи у, уыдонмӕ арвитут, уадз ӕмӕ ӕрбацӕуой».
Сылгоймӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Хъусут Ын Йӕ ныхӕстӕм лӕмбынӕг! Уӕ чызджыты хъарӕг кӕнын сахуыр кӕнут, кӕрӕдзийӕн зӕрдӕриссӕн зарджытӕ амонут!
Ау, Ӕз сӕ уый тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?»
«Ды та хъарӕг сис Израилы паддзӕхтыл:
Йӕ зӕнг, йӕ къалиутыл ын сирвӕзт пиллон арт, йӕ дыргътӕ йын аныхъуырдта. Паддзахы лӕдзӕгӕн чи сбӕзза, ахӕм фидар къалиу ыл нал баззад“. Ай хъарӕг у ӕмӕ баззайдзӕни хъарӕджы номыл».
Сисдзысты дыл хъарӕг: „Уӕ, куыд бабын дӕ, кадджын сахар, денджызонты цӕрӕн бынат! Денджызы астӕу хъомысджын куы уыдтӕ — цы дӕхӕдӕг, цы дӕ цӕрджытӕ. Денджызгӕрон адӕмтӕ ӕмризӕджы куы рызтысты дӕ разы.
Адӕймаджы фырт! Ды дӕр ныхъхъарӕг кӕн Тирыл!
«Адӕймаджы фырт! Хъарӕг кӕн Тиры паддзахыл ӕмӕ йын фехъусын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Алцӕмӕй ӕххӕст уыдтӕ ды, ӕвидигӕ — дӕ уӕлзонд, тӕмӕнкалгӕ — дӕ фидауц.
Уӕд скӕндзысты хъарӕг, ӕмӕ-иу уыцы хъарӕг сисдзысты алы адӕмты сылгоймӕгтӕ. Хъарӕг кӕндзысты Мысырыл ӕмӕ йӕ бирӕ адӕмыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау».
«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл: „Адӕмты ’хсӕн ды уыдтӕ домбайы лӕппынау, денджызы кӕфхъуындарау, дӕ цӕугӕдӕтты-иу фынк калдтай дӕ фындзӕй, дӕ дзӕмбытӕй-иу дӕттӕ сызмӕстай, ӕмӕ-иу фестадысты лакъон“.
Израилӕгтӕ! Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, сымах тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз, Мысыры зӕххӕй цы адӕмы ракодтон, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъын:
Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!»
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: алы фӕзы дӕр хъуысдзӕнис хъарӕг, алы уынджы дӕр додой кӕндзысты. Се ’ххуырстытӕм ӕмӕ хъарӕггӕнджытӕм зианмӕ фӕдзурдзысты.
Самарийы тӕригъӕдӕй ард чи хӕры, уыдон дзурынц: «Дан, сомы кӕнын дӕ хуыцауӕй, ард хӕрын Беер-Шевӕмӕ фӕндагӕй». Уыдон иууылдӕр ӕрхаудзысты ӕмӕ нал сыстдзысты.
Уыцы бон адӕмӕн хынджылӕггаг суыдзыстут, додой кӕндзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: «Ныххӕлӕттаг нӕ кодтой! Мӕ адӕмы исбон мын уӕй кӕнынц! О, додой! Исынц мын мӕ исбон! Уацары нӕ чи райста, уыдонӕн нын байуӕрстой нӕ быдыртӕ!»