Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 4:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕмӕ-иу Ӕз уый тыххӕй мӕнӕугӕрдӕнтӕй ӕртӕ мӕйы раздӕр зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, иу сахары-иу къӕвда ӕруарын кодтон, иннӕйы та нӕ; зӕххы иу хай-иу донӕй бафсӕстон, иннӕ та-иу бахус ис ӕнӕ донӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 4:7
27 Iomraidhean Croise  

Моисей йӕ къухтӕ сдардта арвмӕ, ӕмӕ Мысыры ӕртӕ боны хуры цӕст нал разынд.


Мысырӕгтӕ нӕ уыдтой кӕрӕдзи, ӕртӕ боны дӕргъы сӕ хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ дӕр нӕ рацыдысты. Ӕрмӕст, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым уыди рухс.


Мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы Гошены зӕхх та бахиздзынӕн фыдбылызӕй — уым нӕ уыдзӕнис дзынгатӕ, цӕмӕй ды зонай: Ӕз, Дунедарӕг, ацы зӕххыл дӕн.


Ихуард нӕ уыдис ӕрмӕстдӕр Гошены зӕххыл — уым израилӕгтӕ цардысты.


Дунедарӕг бахиздзӕн израилӕгты фосы, мысырӕгты фосыл та нӕ бацауӕрддзӕн. Израилӕгты фосӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн“».


Ныззаууат уыдзӕни, налдӕр ӕй ӕхсӕдгӕ кӕндзысты, налдӕр ын йӕ зӕхмӕ зилдзысты. Каконтӕ ӕмӕ сындзыты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕни. Ӕз бардзырд ратдзынӕн мигътӕн, къӕвда йыл мауал ӕруадзут, зӕгъгӕ».


Ау, адӕмты гуымирытӕн сӕ бон къӕвда раттын у? Ау, арв нын йӕхӕдӕг ратдзӕн къӕвда? Нӕ Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау Ды нӕ дӕ? Дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Ды аразыс.


Уӕздӕттӕ сӕ лӕггадгӕнджыты донмӕ арвитынц, уыдон ӕрцӕуынц цъайтӕм, фӕлӕ дон нӕ арынц. Фӕстӕмӕ афтид дурынтимӕ здӕхынц, рохстӕй ӕмӕ ӕфсӕрмхуызӕй сӕ сӕртӕ бамбӕрзынц.


Зӕхх ӕнӕ донӕй ныскъуыдтӕ ис, зӕхкусджытӕ къӕмдзӕстыгӕй сӕ сӕртӕ ’мбӕрзынц.


Уый тыххӕй Ӕз зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ банцадысты. Хъахбай сылау дӕ цӕсгом фесӕфтай, ферох дӕ ис ӕфсарм!


Сионы фырттӕ, сымах дӕр цин кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ уын Уый, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц ратдзӕн къӕвдатӕ. Уалдзыгон ӕмӕ фӕззыгон къӕвдатӕ раздӕрау ӕруарын кӕндзӕн сымахӕн.


Зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕй Паддзахмӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ, Йерусалиммӕ бакувынмӕ чи не ’рбацӕуа, уыдон къӕвда нал фендзысты.


Сымах афтӕ нӕ фӕзӕгъут, мыййаг, хуымгӕрдӕнтӕм ма цыппар мӕйы баззади, зӕгъгӕ? Ӕз та уын зӕгъын: акӕсут-ма уӕ цӕстытӕй ӕмӕ фенут, хуымтӕ ныридӕгӕн кӕрдинаг кӕй сты, уый.


Дӕу уӕлдӕр чи ӕвӕры? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый дын Хуыцауӕй лӕвӕрд нӕу, ӕви? Ӕмӕ дын кӕд Хуыцауӕй лӕвӕрд у, уӕд дӕхицӕй, цыма дӕхи у, афтӕ цы ӕппӕлыс?


Науӕд уӕм Дунедарӕджы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕлӕрвтӕ гуыдырӕвӕрд скӕндзӕни, къӕвдайы ӕртах нал ӕруадздзӕни. Зӕхх тыллӕг нал ратдзӕн, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы цагъды фӕуыдзыстут, Дунедарӕг уын кӕй дӕтты, уыцы алӕмӕты бӕстӕйы.


Илийа мах хуызӕн адӕймаг уыди. Фӕлӕ уарын цӕмӕй ма уа, уый тыххӕй зӕрдиагӕй ракуырдта Хуыцауӕй, ӕмӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы зӕхмӕ иу ӕртах дӕр не ’рхауд.


Уыдонӕн ис лӕвӕрд арвы дуӕрттӕ сӕхгӕныны бар, цӕмӕй сӕ пехуымпариуӕджы рӕстӕг къӕвда ма уа. Куы сӕ бафӕнда, уӕд сӕм ис дӕттӕ туг фестын кӕныны ӕмӕ зӕххыл алы рын бафтауыны тых.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan