7 Дунедарӕг Хуыцау сусӕгӕй ницы аразы, алцыдӕр раргом кӕны Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Йӕ пехуымпартӕн.
Дунедарӕг загъта: «Цы сфӕнд кодтон, уый Авраамӕй цӕмӕн бамбӕхсон!
Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны хъуамӕ фесафон: сӕ фыдмитӕй йӕ байдзаг кодтой. Бабын сӕ кӕндзынӕн зӕххимӕ иумӕ.
«Цӕут ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсут, ацы чиныджы цы фыст ис, уымӕй. Бафӕрсут Ӕй мӕн тыххӕй, нӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ ӕгас Иудейы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ нӕм мӕстӕй судзы, нӕ фыдӕлтӕ Ӕгъдауы чиныджы домӕнтӕм сӕ хъус кӕй нӕ дардтой, кӕй сӕ не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй».
Ӕз ацы сахарыл цы фыдбылыз ӕруадздзынӕн, уый дӕ цӕстӕй нӕ фендзынӕ. Ӕнцад ралӕудзӕни дӕ царды кӕрон, фарнимӕ дӕ бавӕрдзысты зӕппадзы“». Паддзахыл сӕмбӕлын кодтой ацы дзуапп.
Сӕ иу ын дзуапп радта: «Нӕ, мӕ паддзах! Уый йын Израилы пехуымпар Елисей рахабар кӕны, ды дӕ хуыссӕнуаты цы фӕзӕгъыс, уыдӕттӕ дӕр».
Дунедарӕг мын загъта: «Ӕз ӕнцад кӕсдзынӕн Мӕ цӕрӕнӕй къӕвдайы фӕстӕ хъарм уӕлдӕфау, тыллӕгӕфснайӕнты тӕвд афон ӕртӕхӕй ӕфсӕст ӕврагъау.
Уыдон Ме ’мбырды куы лӕууыдаиккой, уӕд Мӕ адӕмӕн фехъусын кодтаиккой Мӕ ныхӕстӕ, сӕ фыдбылызы фӕндагӕй сӕ раздӕхтаиккой ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ ныууадзын кодтаиккой.
Уыцы бон Ӕз Израилы адӕмы ногӕй схъомысджын кӕндзынӕн, дӕуӕн та ратдзынӕн уыдонӕн пехуымпариуӕг кӕныны бар, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Ныр дын ӕз базонын кӕндзынӕн, ӕнӕмӕнг цы ’рцӕудзӕни, уыдӕттӕ. Персы ма ноджы ӕртӕ паддзахы фӕзындзӕн, сӕ фӕстӕ та — цыппӕрӕм паддзах. Уый, йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыди, уыдонӕй хъӕздыгдӕр уыдзӕн. Йӕ хъӕздыгдзинады фӕрцы схъомысджын уыдзӕн ӕмӕ йе ’ппӕт тыхтӕ Бердзены паддзахады ныхмӕ сараздзӕн.
Паддзах загъта Даниилӕн: «Уӕ Хуыцау ӕцӕг у хуыцӕутты Хуыцау, паддзӕхты Паддзах ӕмӕ сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг, уый тыххӕй ӕмӕ ды ацы сусӕгдзинад раргом кодтай».
Ӕз уӕ ныридӕгӕн цагъартӕ нал хонын, уымӕн ӕмӕ цагъар, йӕ хицау цы кусы, уый нӕ фӕзоны. Фӕлӕ уӕ Ӕз схуыдтон Мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ уын раргом кодтон, Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый.
Ацы чиныг у Йесо Чырыстийы ӕргомад — уый Йын рардӕуыди Хуыцауӕй, цӕмӕй Йӕ цагъартӕн раргом кӕна, рӕхджы цы уыдзӕнис, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо Йӕ зӕды фӕрцы равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн.
Уӕдӕ ныффысс, цы федтай, цытӕ цӕуы ӕмӕ фӕстӕдӕр цытӕ ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй.
Ӕвдӕм зӕдӕн сыкъауадындзӕй уасыны рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд сӕххӕст уыдзӕн Хуыцауы сусӕг фӕндон — Йӕ цагъар пехуымпартӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.
Уый фӕстӕ ӕз федтон арвы дуар гомӕй. Ӕмӕ раздӕр кӕй фехъуыстон, сыкъауадындзы зӕлынау мемӕ цы хъӕлӕс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын Ӕз фенын кӕнон, фидӕны цы уыдзӕн, уый».
Ныр, Саул куы ’рбацыд, уый размӕ бон Дунедарӕг фехъусын кодта Самуелӕн: