Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 3:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Домбайӕн йӕ амӕттаг йӕ размӕ куынӕ фӕуа, уӕд хъӕдӕй йӕ богъ-богъ райхъуысдзӕн? Домбайы лӕппын куы ницы ’рцахса, уӕд лӕгӕтӕй йӕ рыхын фӕхъуысы?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 3:4
7 Iomraidhean Croise  

Сӕвӕрдта йӕ хицауӕй йӕ хӕдзары, йе ’ппӕт исбон бакодта йӕ бар,


Дунедарӕг домбайау куы ныррыха, уӕд рацӕудзысты Йӕ фӕдыл, Йӕ рыхын куы райхъуыса, уӕд Ӕм Йӕ фырттӕ ныгуылӕнӕй фӕзындзысты.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз домбайау Мӕхи ныццӕвдзынӕн Ефремыл, домбайы лӕппынау — Иудӕйыл, фӕлӕбурдзынӕн сӕм, аскъуыдтӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ничи фервӕзын кӕндзӕни.


Амос загъта: — Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй. Додой кӕндзысты фыййӕутты къӕстӕ, бахус уыдзӕн Кармелы цъупп.


Дыууӕ лӕджы кӕрӕдзиимӕ ныхас куынӕ бакӕной, уӕд иумӕ искуыдӕм ацӕудзысты?


Исчи къӕппӕг куынӕ сӕвӕра, уӕд дзы цъиу аирвӕздзӕн? Цъиу къӕппӕгмӕ куы батӕха, уӕд йӕ дуар гомӕй баззайдзӕн?


Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan