15 Сӕ зымӕгон ӕмӕ сӕрдыгон хӕдзӕрттӕ, сӕ пылыстӕгӕй фӕлыст галуантӕ сын ныппырх кӕндзынӕн, ныккӕлдзысты стыр хӕдзӕрттӕ, — зӕгъы Дунедарӕг.
Ахавы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — пылыстӕгӕй цы галуан сфӕлыста ӕмӕ цы сахартӕ рацарӕзта, уыдоны тыххӕй хабӕрттӕ — фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».
Уӕларвӕфсады Бардарӕг немӕ ис, Йаковы Хуыцау — нӕ сӕрылхӕцӕг.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг расомы кодта: «Сӕ бирӕ хӕдзӕрттӕ ныззаууат уыдзысты, сӕ рӕсугъд галуантӕ дзӕгъӕлӕй баззайдзысты.
Уыцы азы фарӕстӕм мӕйы паддзах царди йӕ зымӕгон хӕдзары.
Ӕз арт бандзардзынӕн Иудӕйыл, Йерусалимы фидӕрттӕ саусыгъд бакӕндзынӕн.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: бӕстӕйыл ӕрхъула кӕндзӕн знаг, дӕ хъомыс дын басӕтдзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ сафтид кӕндзӕн.
Сымах мӕгуырты ӕфхӕрут, гӕртамӕн сӕ исут хор. Афтӕ кӕй кӕнут, уый тыххӕй, уӕхицӕн лӕгъз дуртӕй хӕдзӕрттӕ куы самайат, уӕд дӕр дзы нӕ фӕцӕрдзыстут; диссаджы сӕндӕттӕ скӕндзыстут, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзыстут.
Дунедарӕг бардзырд ратдзӕн, ӕмӕ галуантӕ хӕлддзӕгтӕ фестдзысты, хӕдзӕрттӕ ныккӕлдзысты.
Едомӕгтӕ зӕгъдзысты: «Ныддӕрӕн нӕ кодтой, нӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй рацаразӕм». Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Уыдон сараздзысты, Ӕз та сӕ ногӕй ныппырх кӕндзынӕн; схондзысты сӕ ӕлгъыст бӕстӕ, Дунедарӕг мыггагмӕ кӕй ралгъыста, ахӕм адӕм.
Ехуд ӕм бацыди; паддзах бадтис йӕ уаты, дыккаг уӕладзыджы. Ехуд ын загъта: «Уац дын ӕрбахастон Хуыцауӕй». Еглон сыстади.