Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Амос 3:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ӕз Йаковы йӕ фыдракӕндты тыххӕй цы бон бафхӕрдзынӕн, уыцы бон Вефилы нывондхӕссӕнтӕ дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзысты, сӕ сыкъатӕ сын акъуырдзысты ӕмӕ сӕ зӕхмӕ фехсдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Амос 3:14
15 Iomraidhean Croise  

Фехӕлдта Вефилы нывондхӕссӕн, стӕй, Израилы адӕмы тӕригъӕды амӕттаг чи бакодта, уыцы Йоровам, Наваты фырт, уым цы кувӕн къуыбыр скодта, уый. Арты йӕ басыгъта ӕмӕ йӕ бассадта. Басыгъта табуйаг цӕджындз.


Бӕрӕгбон куы фӕци, уӕд, израилӕгтӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон Иудейы сахартыл ӕрзылдысты, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ ныззыгуым кодтой. Ӕгас Иудейы зӕххыл, стӕй Бениамин, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕххыты фехӕлдтой кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ. Уый фӕстӕ дзы алчидӕр ӕрбаздӕхти йӕхи зӕххы хаймӕ, йӕ сахармӕ.


Ныр цу ӕмӕ адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд цӕудзӕни дӕ разӕй. Мӕ разы чи фӕтӕригъӕдджын, уыдоны та, бафхӕрыны бон куы ралӕууа, уӕд бафхӕрдзынӕн».


Хӕсы ныхмӕ цы ’мбӕрзӕнтӕ райсынц, уыдоныл алы нывондхӕссӕны раз хуыссынц, сӕ Хуыцауы Кувӕндоны нуазынц сӕн — кӕйдӕр ивар!


Ӕрбацӕут Вефилмӕ, сбирӕ кӕнут уӕ тӕригъӕдтӕ! Ацӕут Гилгалмӕ, ӕмӕ сӕ уым ноджы фӕфылдӕр кӕнут! Алы райсом дӕр нывӕндтӕ хӕссут, уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хай — ӕртӕ бонӕй ӕртӕ бонмӕ!


Вефилы сауджын Амациа паддзах Йеровоаммӕ минӕвары арвыста ахӕм уацимӕ: «Амос израилӕгты дӕ ныхмӕ аразы, зӕхх нал уромы йӕ ныхӕстӕ.


Вефилы та мацыуал дзур, уымӕн ӕмӕ уый паддзахӕн йӕ кувӕндон ӕмӕ йӕ хӕдзар у».


Исаакы уаз къуыппытӕ ныддӕрӕн кӕндзынӕн, Израилы кувӕндӕттӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты, Ӕз кардимӕ Йеровоамы байзӕддӕгты ныхмӕ сыстдзынӕн».


Ӕз федтон Дунедарӕджы. Уый лӕууыди нывондхӕссӕныл ӕмӕ загъта: «Цӕджындзы сӕр ныццӕв, къӕсӕртӕ куыд сӕнкъуысой, афтӕ, уадз ӕмӕ Кувӕндон адӕмыл ныккӕла. Чи ма дзы аирвӕза, уыдоны кардӕй ныццӕгъддзынӕн, иунӕг дӕр дзы нӕ алидздзӕн, ничи фервӕздзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan