10 Рӕстӕй цӕрын нӕ зонынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — тыхми ӕмӕ стигъыны фӕрцы сӕ галуантӕ алы хӕзнатӕй байдзаг сты.
цы нӕ аныхъуырдта, ахӕмӕй йын ницыуал баззад, ӕмӕ йӕ цардамонд уымӕн у тӕссонд.
хъодыгонд ӕлгъаг кӕмӕн у, фӕлӕ Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдонӕн кад чи кӕны; кӕд йӕхицӕн исты зиан ӕрхӕсдзӕн, уӕддӕр йӕ сомы чи нӕ сайы;
алыхуызон зынаргъ дзауматӕ байсдзыстӕм, нӕ хӕдзӕрттӕ ӕфтиагӕй байдзаг кӕндзыстӕм.
Хӕрзӕгъдау сылгоймаг — кадджын, куыстуарзаг лӕг — хъӕздыг.
Фыдгӕнджытӕ, рӕстдзинад цы у, уый не ’мбарынц, фӕлӕ, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон ӕй ӕххӕстӕй бамбардзысты.
Ӕз федтон, ӕфхӕрд адӕм куыд кӕуынц, уый, ничи сын ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ се ’фхӕрджытӕ тыхджын сты.
«Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».
Ӕз мӕхинымӕр загътон: «Уыдон мӕгуыр ӕмӕ ӕнӕзонд сты, Дунедарӕджы фӕндаг ӕмӕ сӕ Хуыцауы Ӕгъдау нӕ зонынц. Стыр ӕлдӕрттӕ та сӕ зонынц, цӕуон ӕмӕ семӕ ныхас кӕнон. Фӕлӕ уыдон дӕр ныппырх кодтой се ’фсондз, атыдтой сӕ рӕхыстӕ.
чи никӕй ӕфхӕры, йӕ хӕсджынӕн йӕ цъынды фӕстӕмӕ чи ратты, чи никӕй стигъы, йӕ къӕбӕрӕй ӕххормагӕн чи бахай кӕны ӕмӕ бӕгънӕгыл дарӕс чи скӕны,
Адӕм дӕр ӕфхӕрынц кӕрӕдзи, стигъынц ӕмӕ тухӕнӕй марынц мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы, ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы.
Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг? Иудейы адӕм ацы ран цы ’лгъаг митӕ кӕнынц, уыдон сын фаг не сты! Нӕ, фӕлӕ ма ӕгас бӕстӕ байдзаг кодтой фыдмитӕй ӕмӕ Мын ноджы тынгдӕр ссыгътой Мӕ маст. Кӕс-ма, къалиутӕ сӕ фындзтӕм куыд схӕссынц, уымӕ.
Израилы йӕ низӕй куы дзӕбӕх кодтон, уӕд рабӕрӕг сты Ефремы тӕригъӕдтӕ, Самарийы фыдракӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнгард митӕ кӕнынц; хӕдзӕрттӕм лӕбурынц ӕмӕ уынгты адӕмы стигъынц.
Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!»
О, раст тӕрхон скъӕлдзо чи фестын кодта ӕмӕ рӕстдзинад зӕхмӕ чи фехста, уыдон!
Бӕхтӕ къӕдзӕхтыл фезгъорынц? Галтӕй йӕ бахуым кӕнӕн ис? Сымах та раст тӕрхон фестын кодтат марг, рӕстдзинады дыргъ — скъӕлдзо!
Сымах бӕллӕхы бонӕн дард ӕнхъӕл стут ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ уымӕн нӕ уадзут.
Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕхицӕй, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: Йаковы сӕрыстырдзинад Мын ӕлгъаг у, Йӕ галуантӕ Мын сты ӕнӕуынон, Ӕз ын йӕ сахар йе ’ппӕт цӕрджытимӕ знаджы къухмӕ ратдзынӕн.
Хӕрам миты фӕрцы цы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ цы хӕзнатӕ фӕзынди, стӕй, сайгӕ цы ’лгъаг барӕнтӕ кӕнынц, уыдонмӕ, ау, афтӕ кӕсдзынӕн?
Уыцы бон муртаттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ къӕсӕрыл андзӕвын дӕр чи нӕ уӕнды ӕмӕ йӕ сӕрты чи гӕпп кӕны, Дунедарӕджы хӕдзар тыхми ӕмӕ мӕнгдзинадӕй чи байдзаг кодта, уыдон иууылдӕр бавзардзысты Мӕ азар.
Афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон нӕ зонынц: Хуыцауы ныхасӕй рагзаманы арв ӕмӕ зӕхх скондӕуыди донӕй ӕмӕ доны фӕрцы.