1 Израилӕгтӕ! Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, сымах тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз, Мысыры зӕххӕй цы адӕмы ракодтон, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъын:
Сымах — Израилы байзӕддӕгтӕ, Йӕ цагъартӕ, Йаковы фӕдонтӕ, Йе ’взӕрстытӕ!
ӕмӕ уый загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм иууылдӕр, иудейӕгтӕ, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ паддзах Иосафат! Дунедарӕг уын афтӕ зӕгъы: уыцы ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕй ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Уымӕн ӕмӕ уый сымах нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хӕст у.
Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕрбайхъусут-ма, Йаковы хӕдзарвӕндаг, Израилы адӕмӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон иууылдӕр! Гуыргӕ-гуырын Мӕ къухтӕм кӕй райстон, сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ Мӕ къухтыл кӕй хӕссын, уыдон.
Ӕрбайхъусут Мӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, кӕмӕ фӕсидтӕн, уыцы Израил! Уый Ӕз дӕн! Ӕз — Фыццаг, ӕмӕ Ӕз — Фӕстаг!
Ацы рон адӕймаджы буармӕ куыд хӕстӕг у, афтӕ Ӕз Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгты ӕрбаввахс кодтон Мӕхимӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — цӕмӕй суой Мӕ адӕм, Мӕ цыт ӕмӕ Мӕ кад, фӕлӕ Мӕм нӕ байхъуыстой.
«Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй алкӕмӕн дӕр суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм».
Уыцы фыд адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдоны Ӕз кӕдӕмфӕнды куы фӕсурон — алы ран дӕр сын мӕлӕт цардӕй бӕллиццагдӕр суыдзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, израилӕгтӕ! Уый ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн тӕрхон кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕххыл нал ис рӕстдзинад ӕмӕ хӕлардзинад, ничиуал зоны Хуыцауы.
Байхъусут, сауджынтӕ! Байхъусут, израилӕгтӕ! Уӕ хъус ӕрдарут, паддзахы галуаны чи цӕры, уыдон! Ӕнхъӕлмӕ уӕм кӕсы тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мицпайы уыдыстут къӕппӕгау, Фаворы та — кӕсагахсӕн хызау.
Сымах та Мысыры зӕххӕй рахуыдтон ӕмӕ уӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, цӕмӕй уын сӕ зӕхх исбонӕн радтон, уый тыххӕй.
Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!»
Израилӕгтӕ, байхъусут ацы ныхасмӕ, цы хъарӕг уыл скодтон, уымӕ!
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз сфӕнд кодтон ацы адӕмыл, сӕ бӕрзӕйӕ кӕй нӕ сисдзысты, ахӕм бӕллӕх ӕруадзын, ӕмӕ сӕ бон раст цӕуын дӕр нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕни бӕллӕхы заман.
Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах хъуамӕ, рӕстдзинад цы у, уый ма зонат?
Додой уӕ къона, фурды был цӕрджытӕ, критӕгтӕ! О Ханаан, филистимӕгты зӕхх! Дунедарӕг дын рахаста тӕрхон: «Фесафдзынӕн дӕ, иунӕг цӕрӕг дыл нал баззайдзӕн!
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“.