6 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Израилы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн. Раст адӕймаджы уӕй кӕнынц ӕвзистыл, мӕгуыр лӕджы — дыууӕ дзабырыл.
Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.
Ацы бӕллӕхтӕ сыл уый тыххӕй ӕрцыдысты, ӕмӕ нӕ хъуыстой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ. Семӕ цы фидыд сарӕзта, уый фехӕлдтой. Дунедарӕджы цагъар Моисей сын кӕддӕр цы ныффӕдзӕхста, уыдон не ’ххӕст кодтой.
цӕмӕй Мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕнӕбонтӕн раст тӕрхон ма кӕной, сӕ бартӕ сын ссӕндой, идӕдз устыты, сидзӕр сабиты стигъой.
стӕй, йӕ ныхӕстӕй раст лӕджы чи базылын кӕны, тӕрхоны мидӕг тӕрхонгӕнӕджы раст дзурын чи нӕ фӕуадзы ӕмӕ ӕназымы мӕнг ӕвдисӕйнӕгты руаджы азымджыны бынаты чи сӕвӕры, уыдон.
Ныр Ӕз Мӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцавтон, кӕрӕф кӕй разындтӕ ӕмӕ де ’хсӕн туг кӕй кӕлы, уый тыххӕй.
Мӕ адӕмыл Мын хӕлттӕ ӕппӕрстой, ӕвзонг лӕппуйы хӕтаг сылыл ивтой, чызджыты-иу сӕныл ауӕй кодтой ӕмӕ-иу нуӕзтой.
Сымах Иудӕ ӕмӕ Йерусалимы адӕмы бердзенӕгтӕн уӕй кодтат, цӕмӕй сӕ хауӕццаг фӕкӕнат сӕ райгуырӕн зӕххӕй.
Се ’лхӕнджытӕ сӕ марынц, ӕмӕ ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц. Чи сӕ уӕй кӕны, уыдон та дзурынц: „Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ӕз схъӕздыг дӕн“. Нӕ сыл ауӕрдынц фыййӕуттӕ.