16 Уӕ хъӕбатыртӕн се ’ппӕты ӕхсарджындӕр уыцы бон бӕгънӕгӕй лидздзӕнис, — зӕгъы Дунедарӕг.
Нӕ мӕ уадзыс ӕрцъынд кӕнын дӕр, адӕргӕй мӕ дзыхы ныхас дӕр нал бады.
Йӕ сахартӕ йын бацахсдзысты, йӕ фидӕрттӕ йын басӕтдзысты. Уыцы бон моаваг гуыппырсартӕ фыр тӕссӕй арӕг устытау нырриздзысты.
Лӕппу сын ӕмбӕрзӕн сӕ къухы фӕуагъта ӕмӕ бӕгънӕгӕй алыгъди.
Сисера ӕрбалыгъдис Йаелы, кенӕгты байзӕддаг Хеверы усы, цатырмӕ. Хеверы мыггаг Хацоры паддзах Йавинимӕ цӕдисонтӕ уыдысты.